Синан
Синан | |
---|---|
тур. Mimar Sinan арабб. قوجه معمار سنان آغا | |
Райгуырды датæ | ≈ 1490[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1588-æм азы 17 июлы[2] |
Мæлæты бынат |
|
Архайды хуыз | архитектор |
Æмкъай | Фатьма Нур[d] |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Коджа Мимар Синан Агъа кæнæ цыбырæй Синан (райгуырдис 1489-æм азы 15 апреля — амардис 1588-æм азы 17 июлы Стамбулы) у зындгонддæр осмайнаг архитектор (тур. mimar) æмæ инженер, куыста Сулейман Кануни, Селим II æмæ Мурад III султантæн. Уый сарæзта 300 ахсджиаг амаддзагæй фылдæр, стæй бирæ чысылдæр хæдзæрттæ (скъолатæ æмæ а. д.). Йæ ахуыргæнинæгтæ сарæзтой фæстæдæр Султан Ахмеды мæзджыт Стамбулы, Стары-Мост Мостары æмæ ма æндæр бирæ амæддзæгтæ.
Синаны сæйраг шедевр у Мæзджыт Селимийе Эдирнейы, кæд æмæ Сулейманы Мæзджытæй зындгонддæр у (уый тыххæй æмæ ацы мæзджыт Стамбулы и). Мимар Синаны куыстытæ стыр тæваг дардтой архитектурæйы историмæ[3].
Синан райгуырдис чырыстон бинонты ’хсæн, иуæй-иу иртасджытæм гæсгæ сомихаг уыд[4][5] кæнæ та грекъаг. 1512-æм азы лæппуйы байстой йæ ныййарджытæй æмæ арвыстой Стамбулмæ, цæмæй дзы янычар суа. Уым райста пысылмон дин æмæ ног ном — Синан (нысан кæны «æрц»). Æрвыст æрцыд математикæ æмæ хъæдæрмæджы куыст ахуыр кæнын, фæлæ йæ зонды руаджы тагъд рæстæджы æххуыс кодта империйы хуыздæр архитектортæн. Ницæмæ кæсгæйæ, архайдта иуæй-иу хæстон балцыты дæр, службæ кодта Австрийы æмæ Багдады[6]. Сармадзанæй куы æхста знæгты фидæрттæ, уæд ахуыр кодта уыцы амæддзæгтæн сæ лæмæгъдæр рæттæ. Молдавимæ куы абалц кодтой османтæ, Синан тагъд рæстæджы сарæзта цæугæдон Пруты сæрты хид. Афтæмæй йæхи хорз равдыста куыд инженер æмæ архитектор.
1539-æм азы сси султаны кæрты цур сæйраг архитектор, радтой ын цыфæнды бæстыхай фехалыны бар (сахары пъланмæ чи нæ бахаудис, уыдоны ’хсæнæй). Уыцы бынаты Синан куыста 50 азы дæргъы. Канд йæхæдæг бирæ куыстытæ нæ сарæзта, фæлæ ма скодта архитектортæ цæттæ кæныны ахуыры системæ.
Синаны сæйрагдæр куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]-
Шехзадейы Мæзджыт (Стамбул)
-
Шехзадейы Мæзджыт мидæгæй
-
Мæзджыт Сулейманийе (Стамбул)
-
Мæзджыт Селимийе (Эдирне)
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- (tr) Çelebi, Sai Mustafa (2004). Book of Buildings : Tezkiretü'l Bünyan Ve Tezkiretü'l-Ebniye (Memoirs of Sinan the Architect). Koç Kültür Sanat Tanıtım ISBN 975-296-017-0
- De Osa, Veronica (1982). Sinan the Turkish Michelangelo. New York: Vantage Press ISBN 0-533-04655-6
- Kuran, Aptullah. (1987). Sinan: The Grand Old Master of Ottoman architecture, Ada Press Publishers. ISBN 0-941469-00-X
- Rogers, J M. (2005). Sinan. I.B. Tauris ISBN 1-84511-096-X
- Saoud, Rabat (2007). Sinan: The Great Ottoman Architect and Urban Designer. Manchester: Foundation for Science, Technology and Civilisation.
- Wilkins, David G. Synan in Van Vynckt (1993), p. 826.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Bell A. Encyclopædia Britannica (брит. англ.) — Encyclopædia Britannica, Inc., 1768.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ http://home.howstuffworks.com/home-improvement/construction/planning/10-most-famous-architects2.htm
- ↑ Clark University (Worcester, Mass.) «The Journal of international relations» том 7 Издатель Clark University, 1917 г. p458 Armenian architect, Sinan, who designed and built the famous Mosque of Adrianople, and the Mosque of Suley- man in Constantinople.
- ↑ Herbert Joseph Muller. «The loom of history» — 495 p. — New American Library, 1961 — p.439: Sinan, the greatest of Ottoman architects, seems to have been an Armenian — though it is almost a criminal offense in Turkey today to mention this probability.
- ↑ Goodwin Godfrey, «A History of Ottoman Architecture»; Thames & Hudson Ltd., London, reprinted 2003; ISBN 0-500-27429-0