Симеон II
Симеон II | |
---|---|
| |
2001-æм азы 24 июлы — 2005-æм азы 17 августы | |
Раздæр чи уыд | Костов, Иван Йорданов[d] |
Фæстæдæр | Сергей Станишев[d] |
Райгуырдис |
1937-æм азы 16 июны[1][2] (87 азы) |
Мыггаг | Саксен-Кобург-Гота (Болгари)[d] æмæ Саксен-Кобург-Кохарийская династия[d] |
Фыд | Борис III |
Мад | Джованна Савойская[d] |
Æмкъай | Маргарита Болгарская[d] |
Сывæллæттæ | Кардам Болгарский[d], Kyril, Prince of Preslav[d][3], Kubrat, Prince of Panagyurishte[d][3], Konstantin-Assen, Prince of Vidin[d][3] æмæ Princess Kalina of Bulgaria[d][3] |
Парти | |
Ахуырад | |
Дин | Болгарийы растуырнæг еклези æмæ растуырнæг дин |
Къухæрфыст | |
Монограммæ | |
Хорзæхтæ | |
Сайт | kingsimeon.bg(болг.)(англ.) |
Викикъæбицы медиа |
Симеон Борисов Сакскобургготский, зындгонд у куыд Паддзах Симеон II (райгуырд 1937-æм азы 16 июны Софияйы) у Болгарийы паддзах (1943—1946) æмæ Болгарийы премьер-министр (министр-сæрдар, болг. министър-председател) 2001-æм азæй 2005-æм азы онг. Паддзах Борис III-æмы фырт.
Сывæллон-паддзахы ратардтой бæстæйæ 1946-æм азы сентябры, йæ царды фылдæр хай арвыста Испанийы, йæ бинойнаг дæр у уырдыгон — Маргаритæ Гомес-Асебо и Сехуела (испайнаг къаролы æрвадæлтæй). Болгаримæ раздæхтис 1996-æм азы, активонæй архайы бæстæйы политикон царды.
2009-æм азы 5 июлы парламентмæ æвзæрстыты фæстиуæгæн, Симеон Сакскобургготский кæй сæргъы лæууыд, уыцы парти НДСВ 4-процентон барьерыл нæ схызти æмæ йæ иу депутат дæр парламентмæ нæ бахауд. 6 июлы Симеон Сакскобургготский партийы сæрдары бынатæй ацыд.
Симеонæн ис цыппар фырты æмæ иу чызг. Йæ цоты цоты нымæц у 11.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Lundy D. R. Simeon II of Bulgaria, Tsar of Bulgaria // The Peerage (англ.)
- ↑ Simeon Sakskoburggotski // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ 3,0 3,1 3,2 3,3 Lundy D. R. The Peerage (англ.)