Седантæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Сидантæ-æй æрвыст)

Седантæ кæнæ Сидантæ[1] (уырыс. Седановы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Седанты мыггаг, дам, Хæнæзмæ æрбафтыд Иры кæмттæй кæцыйæдæр, сæ æрвадæлтæ сты Гурдзибетæ. Седанты мыггаджы тыххæй ис цалдæр таурæгъы. Сæ иумæ гæсгæ, Персы æфсæдтæ Гуырдзыйы куы ныппырх кодтой, уæд перс, Цæгат Кавказы цы алантæ цард, уыдоны басæттынмæ æрбацыдысты. Ам сын Седанты мæсыг байсын нæ бантыст. Седанты авд æфсымæры æмæ æртæ хойы сæ мæсыгмæ персайнæгты хæстæг бацæуын нæ бауагътой. Мæсыгмæ уыд сусæг цæуæнтæ. Æртæ хойы сын ууылты хастой дон. Уый фæфиппайдтой знæгтæ. Хотæн сæ разы бабадтысты, фæлæ куы нæ сразы сты хотæ мæсыгмæ сусæг фæндаг бацамоныныл, уæд æртæйы дæр амардтой. Сæхæдæг хохы рæбынмæ афардæг сты. Уыцы æхсæв, дам, стыр уарын ’рцыд æмæ персайнæгтæ цы хохы рæбын хуыссыдысты, уыцы хохæй лæсæн рацыд æмæ сæ иууылдæр фæцагъта. Райсом авд æфсымæры мæсыгæй куы рахызтысты, уæд федтой сæ хоты мæрдтæ. Адæмæн фехъусын кодтой ацы æнамонд хабар æмæ сæ æгъдауыл баныгæдтой Задæлескы бын. Абон дæр сæ æртæ цыртдзæвæны уым сты.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.