Перейти к содержанию

Гуырдзыбетæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Гурдзибетæ-æй æрвыст)

Гуырдзыбетæ, Гуырдзыбектæ[1], дыгуронау Гурдзибетæ[1], Гурджибетæ[1], Гурдзибектæ[1], Гурджибектæ[1] (уырыс. Гуржибековы, Гурдзибеевы) сты дыгурон мыггаг.

Гуырдзыбетæ раздæр цардысты Дыгургомы Хæнæзы. Сæ фыдæл уыд Седантæй. Седантæн сæ иуæн йæ бинойнаг уыд гуырдзиаг. Лæг раджы амард, баззад ын фырттæ, хъомыл сæ кодта сæ гуырдзиаг мад. Сæ сыхæгтæ сæ хуыдтой гурдзыбетæ — ома, гуырдзиаджы фырттæ, æмæ уырдыгæй рацыд сæ мыггаг Гуырдзыбетæ. Иутæ сæ фыссынц Гуырдзыбегтæ, иннæтæ та — Гуырдзыбетæ.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 Таказов Ф.М. Этимология осетинских имен и фамилий: Монография; Сев.-Осет. ин-т гум. и соц. исслед. им. В.И.Абаева. Владикавказ: ИПО СОИГСИ, 2008.
  2. Гуырдзыбеты Хансиаты ныхæстæй таурæгъ ныффыста Гаглойты З., Хæнæзы, 1978 азы.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 75–76.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 61.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 91–92.
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд