Серафимы уæлмæрдтæ
Перейти к навигации
Перейти к поиску
Серафимы уæлмæрдтæ Бетъырбухы картæйыл
Серафимы уæлмæрдтæ (уырыс. Серафимовское кладбище) у стыр уæлмæрдтæ Бетъырбухы, метройы станцæ «Старая Деревня»-мæ ’ввахс. Фыццаг ингæн дзы бавæрдæуыд 1905-æм азы. Уæлмæрдты ном у, йæ территорийыл цы Саровы Серафимы номыл аргъуан и, уый номæй.
Серафимы уæлмæрдты ис Ленинграды блокадæйы чи фæмардис, уыдоны 16 æфсымæрон ингæны. Æдæппæты блокадæйы амæттаг адæмы нымæц дзы 100 минæй фылдæр ис.
Номдзыд адæймæгты ингæнты ’хсæн Серафимы уæлмæрдты ис ахæмтæ:
- Константин Абрамов (1912—1998) — æфсæддон, Советон Цæдисы Хъæбатыр
- Константин Адашевский (1897—1987) — актёр
- Борис Ананьев (1907—1972) — психолог
- Вячеслав Балашов (1917—1990) — тæхæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр
æмæ дæсгай æндæртæ.
Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]
- Энциклопедия Санкт-Петербурга
- Сайт Серафимовского кладбища
- Кладбища и могилы знаменитостей на Серафимовском кладбище