Перейти к содержанию

Себеос

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Себеос
Սեբեոս
Райгуырды датæ VI æнус
Мæлæты датæ VII æнус
Зонады къабаз сауджын, историк

Себеос (сом. Սեբեոս; VII æнусы райдайæны— 661-æм азы фæстæ[1]) — сомихаг историк VII æнусы[2], «Император Ираклы историйы» автор, кæцы нывонгдонд уыдис византийаг император Иракли I паддзахаддзинады дугæн (610—641). Уыдис фыццаг автор, кæцы сарæзта рагон пысылмон экспансийы афыст.

«Император Ираклы истори»

[ивын | Бындур ивын]
«Император Ираклы историйы» рауагъды фарс, 1879 года

Себеосы истори конд у Сасанидты паддзахады Сомихы биноныг афыстæй, араббæгтæ йæ куы бацахстой 661-æм азы, уыцы заманы онг. Чиныджы ис византийы-сасанидты хæстытæ, уыцы тохты рæстæджы Сомихы фылдæр хатт рацыд Византиймæ. Себеос биноныгæй фыссы дæргъвæтин хæсты тыххæй, кæцы сцырен кодта Византийы сасанидон шахиншах Хосров II Парвиз (590—628), Маврикийы (582—602) куы амардтой, уый фæстæ. Персæйæгтæ уæд бахæццæ сты Константинополмæ, фæлæ император Иракли I-ы (610—641) византийаг æфсад сæ ныхмæ рацыдис æмæ бацахста Сасанидты сæйраг сахар — Ктесифон. Уый фæстæ дыууæ паддзахад дæр сæ къухтæ 'рфыстой фидыд бадзырды.

Фæстаг сæргондты Себеос фыссы араббæгтæ историон фæзмæ куыд рахызтысты, уый тыххæй, куыд бацахстой Халифаты паддзахад, Иран, Месопотами, Палестинæ, Сири, Сомих.

Фыццаг хатт Себеосы чиныг мыхуыры рацыд 1851-æм азы Константинополы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Robert W. Thomson/ AArmenian History Attributed to Sebeos — Liverpool University Press, 1999. — P. Ixi.
  2. Tara L. Andrews./ Identity, Philosophy, and the Problem of Armenian History in the Sixth Century — Oxford University Press. — 2013. — P. 31.

Публикацитæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Алчер Себеос. Император Ираклы истоори. Никифор Вриенний. Историон фыстытæ (976-1087) / Рауагъд бацæттæ кодта А. И. Цепков. — Рязань: Александрия, 2006. — 400 ф. — (Византийы историон библиотекæ). — ISBN 5-94460-027-6.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Armenian History Attributed to Sebeos / Translation and notes by R. W. Thomson, historical commentary by James Howard-Johnson, with assistance from Tim Greenwood. — Liverpool University Press, 1999.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]