Саугъæд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Саугъæд (Цæгат Ирыстон)
Саугъæд
Саугъæд Цæгат Ирыстоны картæйыл

Саугъæд[1] у ран (хъæд) Цæгат Ирыстоны Къора-Урсдонæй Урсхохы ’хсæн.

Октябры революцийы размæ Саугъæд дих кодта æртæ хайыл. Дыгуры Саугъæд, Ходы Саугъæд æмæ Мызуры Саугъæд. Ам Ходы хъæуы авд мыггагæй алкæмæн дæр уыдис фосдарæн уæтæртæ. Хонгæ та сæ кодтой Саухалты, Созайты, Едзиты, Дзугкойты, Гатеты, Джерджыты æмæ Хъайтыхъты скъæттæ. Сæрдыгон-иу Ходы Саугъæдмæ быдыры хъæутæй хизынмæ æрбаскъæрдтой бирæ хуыскъаг фос. Хъæуы æхсæнадмæ дзы цы бирæ æфтиæгтæ хауди, уыдон уæрст цыдысты сидзæргæстыл, мæгуыртыл æмæ исты иумæйаг хъуыддæгтыл.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Хъайтыхъты Азæмæт. Сафайы рæхыс: Таурæгътæ, æмдзæвгæтæ, царды хабæрттæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2008 — 271 ф.