Самбегатæ
Внешний вид
Самбегатæ (уырыс. Самбеговы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Таурæгъмæ гæсгæ, Самбегатæ сæ мыггаджы равзæрд бæттынц Бекъойты мыггагимæ. Тырсыгомы цард Бекъойты Тега. Иуахæмы уый ацыд Хъæдгæронмæ. Фæстæмæ куы раздæхт, уæд Дзуарыхъæумæ æввахс æрулæфыд æмæ афынæй. Есиаты лæппутæ йæ æрцахстой æмæ йæ ауæй кодтой. Тегайæн йæ фырт Самбег куы бахъомыл, уæд æххуырсты бацыд Есиатæм. Иухатт дзы иуы йемæ хъæдмæ акодта æмæ йæ амардта. Йæ туджджынтæй цæмæй йæхи бахиза, уый адыл йæ цотæн йæ номæй скодта мыггаг — Самбегатæ.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.