Сагкаты Валери
Внешний вид
Сагкаты Валери | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1951-æм азы 14 январы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1992-æм азы 16 февралы (41 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | композитор, поэт |
Хъæлæс | баритон[d] |
Инструменттæ | гитарæ |
Сагкаты Алексейы фырт Валери (райгуырдис 1951-æм азы 14 январы Тъхъибулы, амардис 1992-æм азы 16 февралы Транскамы фæндагыл) — ирон зарæггæнæг, зарджыты автор, поэт æмæ композитор, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист.
Каст фæцис Цхинвалы музыкалон училище, фæлæ консерваторимæ бацæуын йæ бон нæ баци[1].
Зарыдис ансамбль «Бонвæрнон» æмæ ансамбль «Симд»-ы сконды.
1992-æм азы февралы, Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ куы цыдис, Валери зæйласт фæци. Уыцы бон йемæ ма амардысты Коцты Гри æмæ æндæр æмбæлцæттæ[2].
Сагкаты Валерийы ном хæссы Цхинвалы уынгтæй иу.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 10 декабры. Архив 2016-æм азы 4 мартъийы.
- ↑ http://new.xurzarin.ru/zaejlastyty-ruxs-naemttae-argaejae/
Категоритæ:
- 14 январы чи райгуырдис, уыдон
- 1951-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Тъхъибулы чи райгуырдис, уыдон
- 16 февралы чи амардис, уыдон
- 1992-æм азы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Музыканттæ алфавитмæ гæсгæ
- Сагкатæ
- Цæгат Ирыстоны чи амардис, уыдон
- Советон Цæдисы зарæггæнджытæ
- Хуссар Ирыстоны зарæггæнджытæ
- Хуссар Ирыстоны поэттæ
- Хуссар Ирыстоны адæмон артисттæ
- РЦИ — Аланийы адæмон артисттæ