Мазарини, Джулио

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Джулио Мазарини
итал. Giulio Mazzarino
фр. Jules Mazarin
1653 — 1661
Монарх Людовик XIV
Фæстæдæр Жан-Батист Кольбер
1643 — 1651
Монарх Людовик XIV
Раздæр чи уыд Арман Жан де Ришельё
Тырыса
Мецы алчер
1653 — 1658
Раздæр чи уыд Генрих де Бурбон-Верней
Фæстæдæр Франц Эгон фон Фюрстенберг
Райгуырдис 1602-æм азы 14 июлы(1602-07-14)[1][2][3][…]
Амардис 1661-æм азы 9 мартъийы(1661-03-09)[1][2][3][…] (58 азы)
Ныгæныны бынат
Гуырæн ном итал. Giulio Raimondo Mazzarino
Фыд Пьетро Мазарини[d]
Мад Гортензия Буффалини[d][6]
Ахуырад
Дин католикон еклези[d][7]
Къухæрфыст Изображение автографа
Кæм куыста
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Джу́лио Мазари́ни (æххæст ном: Джулио Раймондо Мадзарино кæнæ Маццарино; итал. Giulio Raimondo Maz(z)arino, йæ францаг ном: Жюль Мазарен, фр. Jules Mazarin, 1602-æм азы 14 июль − 1661-æм азы 9 мартъи) уыди политикон архайæг æмæ Францы фыццаг министр (1642-æм азæй). Министр ссис кардинал Ришельейы амæлæты фæстæ.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис 1602-æм азы 14 июлы Италийы регион Абруццойы, Пешинæйы сахаргонды. Мазарини куыста хъомысджын кънйаз Колоннамæ. Æрыгон Джулио кънйазы рекомендацимæ гæсгæ райдыдта кусын папы курийы, цыран уый равдыста йæхи арæхсджын дипломатæй. 1630-æм азы Мазарини арвыстæуыдис Францмæ, уым базонгæ ис Ришельеимæ æмæ афтæмæй ссис йæ агент Италийы. 1635-æм азæй уыди папæйы минæвары Ромы. Ришельейы протекцийы фæрцы 1636-æм азы ссис кардинал.

Ришельейы амæлæты размæйы курдиатмæ гæсгæ Людовик XIII снысан кодта (1642) Мазаринийы къаролы советы уæнгæй. Ацы уагдоны уыди æрмæст æртæ адæймаджы.

1643-æм азы къарол фæзиан ис. Ус-регентыл снысан чындæуыдис ус-къарол Аннæ. Æппæтдæр зыдтой Аннæ æмæ Ришельейы ’хсæн знагиуæг кæй уыдис, уый. Галуанæхсæнады фидарæй уырныдта, кардиналы хъузон Мазарини йæ бынатæй иуварсгонд кæй æрцæудзæнис. Фæлæ зæрдæскъæф итайлагæн бантыстис басæттын сæрыстыр ус-къаролы зæрдæ. Принцтæ æмæ титулджын уæздæттæ сызнаг сты «æнæмыггаг фаворитмæ». Фæлæ йæ хицауиуæджы фыццаг фондз азы радтой Францæн бирæ æнтыстдзинæдтæ æддагон политикæйы къабазы. Францы æфсад Æртыназыккон хæсты фæуæлахиз ис Испанийыл. Мазарини уыдис, хæсты архайджыты ’хсæн цы бадзырд (Вестфалы фидыд) фидаргонд æрцыд, уый саразджытæй иу.

Мидполитикæйы Мазарини цыдис Ришельейы фæндагыл: централизацигонд рентæ фылдæр кодта хъалонты фæуæлдæры хардзæй.

Мазарини æмæ Фрондæ[ивын | Бындур ивын]

1648-æм азы Францы райдыдта мидхæст (Фрондæ). Мазаринийы ныхмæ ралæууыдысты, хъалонты бæрцæй чи хъæрзыдта, уыцы сæудæджергæнджытæ, æрмгусджытæ, æмæ, Ришелье сæ привилегитæ кæмæн байста, æмæ сæ фæстæмæ райсынмæ чи тырныдта, уыцы уæздæттæ. Змæст рæстæджы ма уыдис ахæм цаутæ æмæ зæхкусджытæ лæбурдтой уæздæтты зæхмулкмæ.

1648-æм азы сæрды Мазарини æмæ уæздæттæ, Парижы парламент, сæудæджергæнджытæ æмæ æрмгусджыты тох Мазиринийы ныхмæ уыдис йæ тæккæ тæмæны. Августы Парижы æппæт уынгтæ æхгæд уыдысты баррикадæтæй. Иуæй-иу тауыстæм гæсгæ тохгæнджыты зæрды уыдис штурмæй байсын Лувр.

Ус-къарол æд сывæллæттæ æмæ Мазарини сусæгæй рацыдысты сахарæй æмæ сæс сæр бафснайдтой фæссахары галуан Рейлы.

Фрондæйы архайджытæн алымыггаг интерестæ кæй уыдис, уый фæрцы, стæй компромиссты руаджы кардиналы къухы бафтыдис бафидауын йæ ныхмæлæуджытимæ. Фæлæ цард куыд равдыста, афтæмæй а фидыд разындис мæнгæфсон. Фрондæйы сæргъы æрлæууыдис туджы фыццаг принц æмæ нымаддæр æфсадфæтæгтæй иу — Луи Конде. Мазаринийы ныхмæлæуджытæ ерыс кодтой кардиналыл хуыздæр эпиграммæ æмæ памфлет (хуыдтой сæ «мазаринадæтæ») ныффыссынæй. Кондейы æрцахст смæстджын кодта æппæт æхсæнады дæр, æмæ уыцы цау ногæй баиу кодта принцты æмæ парламенты уæнгты.

Парламенты уынаффæмæ гæсгæ Мазарини бæстæйæ æрцыдис тард. Уæд кардинал æрбынат кодта Кельны. Фæлæ тард уæвгæйæ, Мазарини фыстæджыты фæрцы иудадзыг дардта бастдзинад ус-къаролимæ, Аннæйы фырт Людовик XIV та уыди йæ тæваджы бын. Дзырдтой, дам, Мазарини Кельнæй разамынд лæвæрдта, цыма Лувры бады, уыйау. Кардиналæн æнтыстис Фрондæйы фæтæгты ’хсæн тауын быцæудзинæдтæ.

21 октябры æрыгон къарол кадджын уавæры бацыдис Парижмæ. Ацы цау нымад у Фрондæйы фæудыл. 1653-æм азы Мазарини раздæхтис Парижмæ æмæ йæ амæлæты бонмæ ахста фыццаг министры бынат.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  2. 2,0 2,1 Jules Mazarin // RKDartists (нидерл.)
  3. 3,0 3,1 Dethan G. Jules, Cardinal Mazarin // Encyclopædia Britannica (англ.)
  4. Мазарини Джулио // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохоров — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  5. Deutsche Nationalbibliothek Record #118579703 // Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  6. Lundy D. R. The Peerage (англ.)
  7. Catholic-Hierarchy.org (англ.)USA: 1990.