Революцийы фæз (Дзæуджыхъæу)
Революцийы фæз | |
---|---|
уырыс. Площадь Революции | |
Иумæйаг информаци | |
Бæстæ | Уæрæсе |
Сахар | Дзæуджыхъæу |
Район | Промышленнон район |
Раздæры нæмттæ | Китайаг фæз |
Посты индекс | 362013 |
Революцийы фæз (уырыс. Площадь Революции) — Цæгат Ирыстоны сахар Дзæуджыхъæуы фæзтæй иу. Ис Индустриалон муниципалон зылды, Ирыстоны æмæ Пожарскийы уынгтæ дзуарвæндаг кæм скодтой, уыцы ран.
Фæзы архитектурон ансамбль у архитектурæйы æмæ горæтарæзтады цыртдзæвæн; бахастæуыд Уæрæсейы Федерацийы культурон бынтæй объектты реестрмæ (федералон нысаниуæджы объект № 1530337000).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Сахар Дзæуджыхъæуы, Ирыстоны æмæ Пожарскийы уынгтæ алвæндаг кæм скодтой, уыцы бынат адæм хонынц Китайаг фæз, афтæмæй та рагæй фæстæмæ официалон æгъдауæй хуыйны «Революцийы фæз». Ис ахæм фæзынд, æмæ бæлвырд ном адæмы ’хсæн куы ныффидар вæййы, уæд уый аивын тынг зын вæййы, æндæр номæвæрд зынтæй истæуы. Зæгъæм, ныры онг Дзæуджыхъæуы бæрæг районтæ кæддæрау хонынц Шалдон, Малаканкæ, Ирыхъæу æмæ а. д. Ахам хабар æрцыд Китайаг фæзыл дæр.
1957-æм азы Дзæуджыхъæуы хæххон-металлургон институты размæ æрæмбырд сты горæты фæллойгæнджытæ — заводты æмæ фабрикæты кусджытæ, службæгæнджытæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Уыдон ардæм æрцыдысты, 1918-æм азы советон хицаудзинады сæрвæлтау хæстыты Цæгат Ирыстоны чи фæмард, китайаг уыцы революцион отряды æфсæддонтæн æмæ командиртæн цырты бындур сæвæрыны фæдыл митингмæ. Митинг байгом кодта Дзæуджыхъæуы горæххæсткомы сæрдар Виктор Зайцев. Уый ныхасы бар радта республикæйы Сæйраг Советы Президиумы сæрдар Дзанæгаты Владимирæн.
Партийы Цæгат Ирыстоны обкомы бюройы, республикæйы Сæйраг Советы Президиумы æмæ Министрты Советы фæдзæхстмæ гæсгæ цырты фыццаг дур сæвæрдта Дзанæджы фырт. Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Китайаг революцион отряды чи архайдта, уымæн — Ча-Ян-Чийæн — Николайæн. Уый загъта: «Бузныг æмбæлттæ, китайаг революцион отряды кæй нæ ферох кодтат æмæ йын йæ номыл цырт кæй æвæрут, уый тыххæй».
Митинджы ма раныхас кодтой, вагæттæ цалцæггæнæн заводы кусæг Луценко æмæ хæххон-згъæркуыстон институты студент М. Парышкин.
Цыртæн цы фыццаг дур æвæрд æрцыд, ууыл фыст ис:
«Ам цырт æвæрд æрцæудзæн, мидхæсты азты Цæгат Ирыстоны Советон хицаудзинад сæвæрыныл тохы китайаг революцион отряды æфсæддонтæй æмæ сæ командиртæй чи фæмард, уыдонæн».
1960 азы Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой гранитон обелиск. Цырты автор у зындгонд архитектор Бтемыраты Анатолий. Обелиск кæм сæвæрдтой, уыцы дзуарвæндаджы фæзуат схуыдтой «Китайаг фæз».
Уæдæ китайæгтæ ам кæцæй фесты? Уыдон Дзæуджыхъæуы сау куыст кодтой революцийы агъоммæ дæр, сæ къухтæ уæзæг æвæрдтой æфсæнвæндаджы арæзтады, здыйы-цинчы заводы. Пролетариаты минæвæрттæ уæвгæйæ, уыдон æнцонæй бакуымдтой большевикты пропагандæйæн æмæ сысты советон хицаудзинады иузæрдион сæрхъуызойтæ. Уæлдай тынгдæр басгуыхтысты 1918-æм азы Августы цауты рæстæджы. Китайаг бархионты къорд арæзт æрцыд апрелы 1918-æм азы. Йе ’фсæддонты нымæц хæццæ кодта 450 онг. Къордæн къаманды кодта Пау-ти-Сан. Уырыссагтæ йæ Костя хуыдтой. Костя уыд Мукденæй рацæугæ лæг. Сывæллонæй сидзæрæй баззад. 1905-æм азы иу уырыссаг афицер, Маньчжурæй хъæмæ здæхгæйæ, китайаг лæппуйы йемæ ракодта æмæ йæ Калакмæ æрласта. Уым Пау-ти-Сан каст фæци гимназ, стæй йæ зæрдæ радта революцион тохмæ æмæ сси большевик.
Китайаг бархионты къорд хъæбатырæй хæцыд канд Цæгат Кавказы нæ, фæлæ ма Астарханмæ хæстæг рæтты æмæ æндæр фронтты. Цырты официалон байгомæй цалдæр азы фæстæ Советон Цæдис æмæ Китайы Адæмон Республикæйы ’хсæн ахастытæ дзæвгар февзæрдæр сты. Уæды зынуавæр кæмдæр расайдта суанг хæцæнгæрзтимæ быцæутæ дæр. Уый аххосæй Китайаг фæзæн йæ ном аивтой æмæ сси Революцийы фæз.