Рæстдзинад (сусæг къорд)
- Ацы уац у сусаг къорды тыххæй. Æндæр нысаниуджытæ фен: Рæстдзинад (нысаниуджытæ)
«Рæстдзинад» — ахæм уыдис, 1949 азы ноябры Цхинвалы цыппар æвзонг лæуппуйы, сæ сæргъы Уанеты Владимир, афтæмæй цы сусæг патриотон организаци сарæзтой, уый ном. Æндæр уæнгтæ уыдысты Джиоты Зауыр, Гæбуты Хазби æмæ Гасситы Лев, фæстæдæр къордмæ бацыдис Бекъойты Георги (Гоги) дæр.
Къорды уæнгтæ ахуыр кодтой Ирыстоны истори æмæ культурæ, къухæй фыст листовкæтæ хæлиу кодтой уынгтыл.
Организацийы штаб уыдис Гæбуты Хазбийы хæдзары.
1951 азы августы къорды уæнгтæ иууылдæр ахст æрцыдысты. Бекъойты Георгийæн стæрхон кодтой 8 азы, Джиоты Зауыр, Гæбуты Хазби æмæ Гасситы Левæн — фæйнæ дæс азы, Уанеты Владимирæн та — 25 азы.
Сталины амарды фæстæ хъуыддæгтæм цыди ногæй каст, æмæ Советон Цæдисы Сæйраг тæрхондон къорды уæнгты сраст кодта.
«Рæстдзинад»-ы тыххæй документтæ рæцыдысты 2005 азы рауагъдад «Хуссар Алани»-йы, кæс: Уанеты В. «Адæм, уæ зæрдыл нæ дарут».
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Уанеты В. «Адæм, уæ зæрдыл нæ дарут». Цхинвал, 2005.
- Бекъойты Гоги (Георги). Реабилетаци йæ хъæхъхъаг адимæ. // «Мах дуг», 2009/8, ф. 114-118.
- Косты Ингæ. «Æз куы æрыздæхон». // «Мах дуг», 2009/8, ф. 104-113.