Перейти к содержанию

Плиты Алан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Плиты Алан (райгуырдис Цхинвалы 1972-æм азы) у Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг. 2011-æм азы уыдис Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидаттæй иу, райста æппæт хъæлæсты 0,86%[1].

Плиты Алан райгуырдис Цхинвалы, каст фæцис астæуккаг скъола №6, стæй ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты.

1999-æм азæй 2008-æм азы августы онг Плиты Алан уыдис Хуссар Ирыстоны быцæу æрсабыр кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамисы уæнг.

2003-æм азы уый уыдис Адæмон партийы бындурæвæрджыты ’хсæн æмæ уыцы партийы советы уæнг, фæлæ 2009-æм азы, парламентон æвзæрстыты агъоммæ, Адæмон партийы рæнхъытæй рацыдис.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]