Осмайнаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Осмайнаг æвзаг (осмайнагау: لسان عثمانی — lisân-ı Osmânî, тур. Osmanlıca, Osmanlı Türkçesi) у, Осмайнаг империйы паддзахадон чи уыди, уыцы æвзаг. Хауы тюркаг æвзæгты огузаг дæлкъордмæ.

Кæд æмæ осмайнаг æвзагæн йæ бындур у тюркаг, уæддæр, йæ лексикæйы 70% уыдысты араббаг æмæ персайнаг дзырдтæ. Стæй уыимæ арабизмты фылдæр хай æрбафтыди персайнаг æвзаджы фæрцы. Лексикон хицæндзинæдтæй уæлдай ма осмайнаг æвзаджы пайда кодтой хицæн араббаг æмæ персайнаг грамматикон конструкцитæй.

Уымæн XIX æнусы æмбисмæ осмайнаг æвзаг тынг хицæн кодта адæмон туркаг диалекттæй (иннæрдыгæй та сыл æндавгæ кодта).

Пайда кодтой араббаг алфавитæй (персайнаг фыссынадæн цы модификацитæ ис, уыдонимæ).

XIX æнусы æмбисæй (Танзиматы фæстæ) арæзт цæуын райдыдта ногосмайнаг æвзаг. Уый уыди хæстæгдæр адæмон æвзагмæ, стæй йæм æрбафтыди бирæ дзырдтæ ныгуылæны европæйаг æвзæгтæй.

Туркаг республикæ куы сарæзтæуыд (1924), уæд кодификацигонд æрцыд нырыккон туркаг литературон æвзаг, 1928-æм азæй та райдыдтой пайда кæнын латинаг алфавитæй, æмæ осмайнаг æвзаг цардæй ацыди. Турчы уæлдæр ахуырдæттæй фæлдæр ахуыр кæнынц осмайнаг æвзаг куыд предмет, бæстæйы истори хуыздæр æмбарынæн тынг ахъаззаг у.

Нырыккон туркаг æвзаг сарæзтæуыд XX æнусы райдианы кодификацигонд адæмон диалектты бындурыл æмæ нæу осмайнаг æвзаджы комкоммæйы фæдон.

Фæлæ цалдæр æнусыл æххæссæг осмайнаг фысгæ традици тынг бандæвдта диалекттыл. Осмайнаг æвзагæй хъауджыдæр нырыккон туркаг æвзаджы араббаг-персайнаг дзырдты бæсты парахатдæрæй пайда кæнынц тюркаг неологизмтæй, стæй ма осмайнаг æвзаджы бæрæг фылдæр уыди вазыгджын дзырдтæ.