Перейти к содержанию

Нымæтхуд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Нымæтхуд

Нымæтхуд[1], дыгур. буйнаг ходæ[2]нымæтæй конд ирон национ худ.

Нымæтхудты конд

[ивын | Бындур ивын]

Нымæтхудтæ кодтой ирон адæм фосы алыхуызы къуымбилтæй, фæлæ уæлдай хуыздæр уыдысты фæсмы сау, цъæх, донгъуыз æмæ урс къуымбилтæ. Нымæт куыд уæрстой, афтæ худæн дæр хъуыди сыгъдæг койгонд къуымбил, æмæ йæ тæнæг æвæрдæй уæрстой бæстон кæнæ кæттаджы, кæнæ ерджены тыхтæй иугъæдоны уымæлæй. Уымæлæн та хуыздæр уыди хъарм дон кæнæ хуырх. Нымæтхудты уæрстой бæстон дыууæ фæлтæрæн дыууæ хуызы: фыццагæн уæрст цыди æмвæтæнæй æнæ уæлдай бæзджынтæ æмæ тæнæгтæй æнгом, æмхуызон. Дыккаг уæрст æй кодтой æмбисастæуыл цыппар дыдагъæй, стæй йæ бæрæг тенкадзыдæй æнгом тыгътой худыкъуыдырыл бынастæрды уымæл кæттагимæ. Бæстон тыгъдæй, æнгом бастæй худ басур, уæд ын æмдымбылæй йæ кæрæтты зылдтой хæсгардæй æмæ сыл хуыдтой быд — чъилтæ фидардæр æмæ фидыцджындæрæн. Цæмæй сæрыл æнгомдæр бада, уый тыххæй дзы ластой астæубос фидар æндахæй æмæ йæ бастой къæппæлхынцъæй.[3]

Ирон нымæтхудты алы кæмтты кодтой кæм бæстон иумæйаг фæткыл, кæм та хицæн уагыл. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаиккой хуызæй æмæ кондæй, уæддæр аргъгæнæг уыдысты лæджы сæрæн иугæндзоны рог æмæ æнцонархайдæй, фидыцджынæй. Æппын ницы, фæлæ хураууонæй къæвда кæй урæдтой, уымæй диссагæн хæссинаг уыдысты.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.
  2. Тахъазты Фидар. Дыгурон-уырыссаг дзырдуат — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2003.
  3. 3,0 3,1 Айларты Измаил. Ирон фарн: Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат, 2012 — 392 ф.