Буачидзе, Самуил Григорийы фырт
Самуил Григорийы фырт Буачидзе | |
---|---|
гуырдз. სამუელ გრიგოლის ძე ბუაჩიძე | |
Псевдонимы | Ной |
Райгуырды датæ | 1882-æм азы 5 июны |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1918-æм азы 20 июны (36 азы) |
Мæлæты бынат |
|
Куысты мыггаг | политик, революционер |
Парти |
Самуил Григорийы фырт Буачидзе (гуырдз. სამუელ გრიგოლის ძე ბუაჩიძე), фæсномыг — Ной (гуырдз. ნოე; райгуырдис 1882-æм азы 5 июны, Кутаисы губернæйы Парцхналийы хъæуы — амардис 1918-æм азы 20 июны Дзæуджыхъæуы) — Уæрæсейы революционер-большевик, Цæгат Кавказы Советон влæсты сæрæппонд чи тох кодта, уыдонæй иу.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Буачидзе райгуырдис зæхкусæг бинонты ’хсæн. Каст фæцис хъæууон хæдзарады училище æмæ ахуыргæнджыты курсытæ. 1902-æм азы бацыдис партимæ. Разæнгæрд кодта зæхкусджыты тох 1905-æм азы революцийы рæстæг Ныгуылæн Гуырдзыстоны.
Ахстой йæ æмæ йæ арвыстой Сыбырмæ. Уырдыгæй алыгъдис 1911-æм азы Гуырдзыстонмæ, уырдыгæй та — фæсарæнмæ. Куыста Швейцарийы большевикты партийы хъуыддæгтыл. Февралы революцийы фæстæ, Ленины амындмæ гæсгæ, Ной Буачидзе аразта политикон эмигрантты раздæхт Уæрæсемæ. 1917-æм азы апрелы раздæхтис йæхæдæг дæр æмæ ссис Дзæуджыхъæуы советы президиумы уæнг. 1918-æм азæй — Терчы Советон Республикæйы адæмон комиссарты советы сæргълæууæг.
Фехстæуыд митингы рæстæг Дзæуджыхъæуы 1918-æм азы 20 июны.
Дæргъвæтин рæстæг Ной Буачидзейы ном хаста Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæй у — ныртæккæйы Къостайы проспекты цæгатаг хай.
- Страницы, использующие JsonConfig
- 5 июны чи райгуырдис, уыдон
- 1882-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Кутаисы губернæйы чи райгуырдис, уыдон
- 20 июны чи амардис, уыдон
- 1918-æм азы чи амардис, уыдон
- Дзæуджыхъæуы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Политиктæ алфавитмæ гæсгæ
- Харагаулы муниципалитеты чи райгуырдис, уыдон
- Уæрæсейы революционертæ