Нигкотæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Нигкотæ (уырыс. Нигкоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Нигкоты фыд Нигко Дыгургоммæ æрбафтыд раджы кæддæр Гуырдзыйæ. Цæрæнбынатæн равзæрста Къаматыхъæу. Æрхаста ус, райгуырд ын фырт Дзабо. Дзабойы фæсномыгæй хуыдтой Бичъо. Дзабойæн райгуырд фырт Саумæкъур, уымæн та йæ фырт Сосланæн уыд æртæ усы, Сосланæн йæ æртыккаг ус уыд Цопбойты чызг, уымæй йын райгуырд æртæ фырты, сæ нæмттæ сын ничи хъуыды кæны. Адон раджы кæддæр фæлыгъдысты Сындзыхъæумæ æмæ сæ мыггаг аивтой — Нигкоты бæсты ныффыстой сæхи Нигколтæй.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.