Перейти к содержанию

Наркомани

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Наркомани (грекъаг дзырдтæ νάρκη /narkē/ «джых, фынæй» æмæ μᾰνία /mania/ «мондаг, тырнындзинад») у хроникон низ, кæцыйы расайы наркотиктæй пайда кæнын. Наркоманийæн ис цалдæр фазæйы æмæ фæд-фæдыл февзæргæ синдромтæ: 1) ивд реакцийы синдром, 2) психикон дæлбарады синдром, 3) физикон дæлбарады синдром æмæ 4) хроникон наркотизацийы фæстиуджыты синдром.

Иугонц Нациты Организацийы иртæстмæ гæсгæ, дунейы тæккæ парахатгонд наркотикон буаргъæд у каннабис (гæнæй конд наркотиктæ), уымæй пайда кæнынц 150 милуан адæймаджы бæрц. Уый фæстæ рапарахат амфетамины рæнхъы стимулятортæ (метамфетамин, амфетамин æмæ экстази), 40 милуан адæймаджы бæрц. 30 милуан адæймагæй къаддæр пайда кæнынц кокаинæй, 15 милуанæй къаддæр — опиаттæй (героин, морфин, опий æмæ æндæртæ), уыдоны ’хсæн 10 милуан пайда кæнынц героинæй.

Документы саргъмæ гæсгæ, Уæрæсе у Европæйы стырдæр героины базар. Наркотиктæй чи пайда кæны, ахæм удгоймæгты нымæц у 3-4 милуаны, уыдонæй æртыккаг хай — героины пайдагæнджытæ. Уæрæсейаг официалон статистикæмæ гæсгæ[кæцæй ист у?], 2007 азмæ наркоманты нымæцы саргъ у 360 мин адæймаджы (диспансерты регистрацигонд чи сты). Æцæг наркоманты нымæц уымæй æртæ хатты фылдæр у.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]