Перейти к содержанию

Ивд реакцийы синдром

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Ивд реакцийы синдром (уырыс. синдром изменённой реактивности) у наркоманийы (уыимæ алкоголизмы дæр) фыццаг синдром: наркотикæй пайда кæныны формæ ивы, æгæр стыр дозæйæ хъахъхъæнæг реакцитæ сæфынц, ивы буаргъæдмæ быхсынад æмæ расыгдзинады хъæд фендæр вæййы.

Пайда кæныны формæйы ивд

[ивын | Бындур ивын]

Иуæй-иу хатт буаргъæдæй пайда кæнынæй рынчын рахизы регулярон пайда кæнынмæ. Наркомийы цалдæр хуызы (уыдоны ’хсæн алкоголизм) дæттынц циклæй пайда кæныны формæ (фырнозт, уый фæстæ цалдæр боны æнæ нозт). Пайда кæныны формæ ивынмæ фадæт дæттынц хъахъхъæнæг реакциты сæфт æмæ буаргъæдмæ быхсынады ивд.

Хъахъхъæнæг реакциты сæфт

[ивын | Бындур ивын]

Наркоманийæ рынчыны организм кусыны æндæр принциптæм рахизы, æмæ наркотикон буаргъæды раздæры дозæ нал у токсикон, нæ домы хъахъхъæнынад. Уымæн ирд дæнцæг у, фыррасыг алкоголиктæн омынвæнд кæй нæ вæййы, уый. Æндæр наркотикты хъахъхъæнæг сигналтæ сты цармы дудын, хидкæнынад, хæкъуырццæг, комыдæттæ, зæрдæхæццæ, омынад, сæрзилæн — ацы симптомтæ, низ куы размæ кæны, нал фæзынынц наркотикæй мæлæтдзаг интоксикацийы дæр.

Буаргъæдмæ быхсынады ивд

[ивын | Бындур ивын]

Буаргъадмæ быхсынады ивд у наркоманийы сæйрагдæр симптомтæй у. Наркоманийы æппæт формæты дæр быхсынад рæзы, стæй чысылгай хауы. Низы тæмæны наркоманæн хъæуы райдайæн дозæйæ цалдæр хатты стырдæр дозæ (опиатты тугдадзинты куы уадзынц, уæд 100-200 хатты стырдæр). Уыцы дозæтæ нормалон адæймагæн сты мæлæтдзаг, наркоманæн та æрмæст дæттынц физикон æмæ уды хорздзинады æнкъарæн.

Расыгдзинады хъæды ивд

[ивын | Бындур ивын]

Ивд реакцийы синдромы фæстаг зыны расыгдзинады хъæды ивд. Адæймаг наркотикон буаргъæд регуляронæй куы фæлхас кæны, хъахъхъæнæг реакцитæ куы фесæфтысты æмæ та наркотикмæ быхсынад куы райрæзти, уæд расыгдзинады хъæд дæр фендæрхуызон и. Наркоманæн наркотик раздæр цы тыхджын æнкъарæнтæ лæвæрдта, уыдон нал вæййынц ахæм. Æппæт наркотиктæ дæр, максималон быхсынады фазæйы æмæ фæстæдæр дæттынц æрмæст хорздзинады æнкъарæн, хи организмы æнæниздзинады хъард.