Перейти к содержанию

Мырзаганты Гицо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мырзаганты Гицойы цырт

Мырзаганты Гицо (1746-1913). Мырзаганты мыггаджы фылдæр-фылдæр фæцард Гицо, йæ цыртдзæвæн æвæрд ис Хилачъы, Цъæззиуы хиды был.

Уый у стыр къæдзæхдур. Фыдæлты ныхæстæм гæсгæ, уыцы дур Гицо æрласта хохæй, куыд æмæ цæмæй, уый ничиуал зоны.

Куыд дзурынц, афтæмæй Гицо уыд куырысдзау, хæйрæджытæй йын уыдис ус. Кæд бæрзонд лæг нæ уыд, уæддæр уыд бæрджын, æмæй йæм дзурын ничи уæндыд.

Мыггагæн та уыд разамонæг, уынаффæгæнæг. Гицойæн уыд уылынгмæ æввахс даргъ æмæ бæзджын æрфуытæ-æлвынгæ сæ нæ кодта. Куы-иу фæмæсты, уæд-иу æрфгуытæ арц алæууыдысты, æмæ дзы алчидæр тарсти. Гицомæ уыд цавæрдæр уæларвон тых. Фæрсынмæ йæм чи цыд, уыдонæн æххуыс кодта. Гицойы тыххæй баззадис бирæ æцæг хабæрттæ, уыдон фыст сты Мырзаганты мыггаджы чиныджы.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Мырзаганты М. Куырттаты ком æмæ курттатæгтæ. Дзæуджыхъæу: «Аланыстон», 2007.