Мухадзырты донбыластæрд
![](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/d/d7/2014_Suchum%2C_Hotel_%22Rica%22_%2805%29.jpg/220px-2014_Suchum%2C_Hotel_%22Rica%22_%2805%29.jpg)
Мухадзырты донбыластæрд (уырыс. Набережная мухаджиров) у Сухумы сахары уынг, раздæры Михайловская, цæуы Сау денджызы былгæрон. Уый у Сухумы зæронддæр уынг. Уарзынц æй туристтæ[1]. Донбыластæрдæн йæ даргъ у 850 метры.
Мухадзырты донбыластæрдыл ис æрмæстдæр фистæгæй цæуæн. Йæ денджыгæрон фарс бирæ рæтты ис пляжтæ дæр.
Донбыластæрдæн йæ райдиан у Академик Сахаровы уынджы тигъыл, йæ кæрон та — Званы уынджы тигъыл. Дарддæр цы уынг цæуы, уый хуыйны Читанавайы уынг.
1921-æм азæй донбыластæрд хаста Ленины ном, 1937-æм азæй та — Шота Руставелийы ном.
1994-æм азы схуыдтой йæ мухадзырты донбыластæрд — XIX æнусы депортацигонд абхазæгты мысынæн.
Абхазы дыккаг президент Сергей Багапшы номыл фæзы ис ног фонтан.
![](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/b/be/2014_Suchum%2C_Kolumnada_%2802%29.jpg/249px-2014_Suchum%2C_Kolumnada_%2802%29.jpg)
![](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/b/b2/%D0%9F%D0%B5%D1%82%D1%80%D0%BE%D0%B2%2C_%D0%9F%D1%91%D1%82%D1%80_%D0%94%D0%BC%D0%B8%D1%82%D1%80%D0%B8%D0%B5%D0%B2%D0%B8%D1%87_%D0%A1%D1%83%D1%85%D1%83%D0%BC_07.jpg/220px-%D0%9F%D0%B5%D1%82%D1%80%D0%BE%D0%B2%2C_%D0%9F%D1%91%D1%82%D1%80_%D0%94%D0%BC%D0%B8%D1%82%D1%80%D0%B8%D0%B5%D0%B2%D0%B8%D1%87_%D0%A1%D1%83%D1%85%D1%83%D0%BC_07.jpg)
Донбыластæрдыл ис бирæ кафетæ æмæ ресторантæ — уыдоны ’хсæн «Нартаа» æмæ «Брехакловка»[2][3].
Изæрыгон кусынц цырæгтæ, ис бандæттæ.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]Агумаа А. С. Старый Сухум: архитектура Сухума на рубеже XIX—XX века. Абгосиздат. Сухум, 2016 г. 304 с. илл. 400.