Муса Джалиль
Муса Джалиль | |
---|---|
тæт. Муса Җәлил | |
Райгуырды датæ | 1906-æм азы 15 февралы[1][2] |
Райгуырæны бынат | Мустафино, Оренбурджы губернæ, Уæрæсейы импери |
Мæлæты бон | 1944-æм азы 25 августы[3][1][…] (38 азы) |
Мæлæты бынат | Плётцензее, Шарлоттенбург-Вильмерсдорф, Берлин, Герман |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, редактор, журналист |
Сфæлдыстады азтæ | 1931 — 1944 |
Жанр | æмдзæвгæ, поэмæ, либретто |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг æмæ тæтæйраг |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Муса Джалиль (тæт. Муса Җәлил; йе ’цæг ном у Муса Мустафович Залилов, тæт. Муса Мостафа улы Җәлилев) (1906 азы 2 (15) февраль, хъæу Мустафино, ныртæккæ Оренбурджы облæст — 1944 азы 25 августа, Берлин) уыди тæтæйраг советон поэт, Советон Цæдисы хъæбатыр (фæсамæлæт аккаггонд, 1956).
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Муса райгуырдис Мустафинойы хъæуы, тæтæйраг бинонты ’хсæн. Ахуыр кодта Оренбурджы медресе «Хусаиния»-йы. Ам, теологийæ фæстæмæ, лæппу ахуыр кодта секулярон предметтæ — литературæ, нывгæнынад, зардаивад. 1919-æм азы Джалиль ссис фæскомцæдисон. Уыдис мидхæсты архайæг.
1927-æм азы Джалиль бацыдис Мæскуыйы паддзахадон университеты этнологион факультеты литературон хайадмæ. Рацаразыны фæстæ хайад ссис литературон факультет æмæ йæ афтæмæй лæппу каст фæцис 1931-æм азы.
1931–1932 азты Муса куыста, Фæскомцæдисы ЦК-йы цур сæрмагондæй сывæллæттæн кæй уагътой, ахæм тæтæйраг журналты. Иу рæстæг ма акуыста, Мæскуыйы тæтæйрагау чи цыдис, уыцы газет «Коммунист»-ы литературæ æмæ аивады хайады сæргълæууæгæй. Сæйраг сахары базонгæ ис советон поэттæ А. Жаров, А. Безыменский, М. Светлов æмæ æндæртимæ.
1932-æм азы поэт цардис æмæ куыста Серовы сахары. 1934-æм азы йын рацыдис дыууæ æмбырдгонды: «Орденхæссæг милуантæ» (фæскомцæдисон темæйыл) æмæ «Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ».
1939–1941 азты Джалиль уыдис Тæтæры АССР-ы Фысджыты цæдисы бæрнон нымæрдар, куыста Тæтæры оперон театры литературон хайады сæргълæууæгæй.
1941-æм азы йæм фæсидтæуыдис Сырх Æфсады рæнхъытæм. Хæцыдис Ленинграды æмæ Волховойы фронтты, уыдис газет «Отвага»-йы уацхæссæг.
1942-æм азы фæцис уæззау цæф, бахаудис уацары, уым æй бамидæг кодтой Шпандауы ахæстоны. Концлагеры Муса (уым йæхи схуыдта Гумеров) бацыдис Вермахты дæлхайад — легион «Идель-Урал»-мæ. Ацы къорд немыцæгтæ хъавыдысты арвитын Скæсæн фронтмæ. Легион «Идель-Урал» кæм цæттæ кодта, уыцы Едлинойы (Польшæ) Муса сæмбырд кодта легионерты сусæг къорд æмæ афтæмæй арæзта хæстуацайрæгты алыгъдтытæ. 1943-æм азы февралы растадис Волгæ-тæтæйраг легионы фыццаг батальон æмæ баиу ис белоруссаг партизантимæ. Сусæг организацийы архайыны тыххæй Мусайæн рахæстæуыдис марыны тæрхон. 1944-æм азы 25 августы Бердины ахæстон Плетцензейы йæ амардтой гильотинæйыл.
1946-æм азы ССРЦ-ы Паддзахадон æдасдзинады министрады байгом чындæуыдис Джалилы агуырыны хъуыддаг (уырыс. розыскное дело). Аххосджын æй кодтой Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацæуынæй æмæ знагæн æххуыс кæнынæй. 1947-æм азы апрелы Муса Джалилы ном бахастой тæккæ тæссагдæр фыдгæнджыты номхыгъдмæ.
Ахæстоны кæй ныффыста, йæ уыцы æмдзæвгæты цикл ссис Муса Джалилы поэтикон сгуыхт. Йæ фыстыты тетрад ын йæхимæ бафснайдта, Моабиты ахæстоны фыссæгимæ иу камерæйы чи бадтис, уыцы бельгиаг антифашист Андре Тиммерманс. Сæ фæстаг фембæлды рæстæг Муса йын загъта, йæхи йын, стæй йæ тæтæйраг æмбæлтты, рæхджы кæй амардзысты, æмæ ракурдта Андрейæ, цæмæй уый ахæсса тетрад советон минæварадмæ. Фæстæдæр тетрад бахауйдис зындгонд поэт Константин Симоновы къухмæ, æмæ йæ æххуысы руаджы уацмыстæ раивдæуыдис уырыссаг æвзагмæ. Уыимæ ма Симонов бацархайдта, цæмæй Джалилы ном ссыгъдæг уа, цы хахуыртæ æмæ цъыфкалæнтæ йыл фæкодтой, уыдонæй. Бæрæг-бæлвырдæй равдыстæуыдис поэты сусæг къорд патриотон архайд кæй кодта. Симоновы уац ныммыхуыр чындæуыдис 1953-æм азы центрон газеттæй иуы, æмæ афтæмæй райдыдта поэт æмæ йе ’мбæлтты фесгуыхты триумф.
1956-æм азы Джалилæн фæсамæлæт саккаг чындæуыдис Советон Цæдисы Хъæбатыры ном, 1957-æм азы та, æмдзæвгæты цикл «Моабиты тетрад»-ы тыххæй — Ленины преми.
Сфæлдыстад
[ивын | Бындур ивын]Поэты фыццаг уацмыс мыхуыргонд æрцыдис 1919-æм азы. 1925-æм азы рухс федта йе ’мдзæвгæтæ æмæ поэмæты фыццаг æмбырдгонд «Мах цæуæм». Джалиль у оперæтæн фыст цыппар либреттойы автор.
Цымыдисаг факттæ
[ивын | Бындур ивын]1968-æм азы Муса Джилилы тыххæй систæуыдис киноныв «Моабиты тетрад».
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Архив изобразительного искусства — 2003.
- ↑ Большая российская энциклопедия (уырыс.) — Москва: Большая российская энциклопедия, 2004.
- ↑ Musa Djälil // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- 15 февралы чи райгуырдис, уыдон
- 1906-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- 25 августы чи амардис, уыдон
- 1944-æм азы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Поэттæ алфавитмæ гæсгæ
- Уæрæсейы империйы поэттæ
- Советон Цæдисы хъæбатыртæ
- Ленины ордены кавалертæ
- Ленины премийы лауреаттæ
- Фысджытæ алфавитмæ гæсгæ
- Тæтæйраг поэттæ
- Уæрæсейы чи райгуырдис, уыдон
- Берлины чи амардис, уыдон