Мистраль, Фредерик
Фредерик (Фредери) Мистраль (фр. Frédéric Mistral, окс. Frederic Mistral/Mistrau, 1830 азы 8 сентября, Майян — 25 марта 1914, Майян) — провансайлаг поэт æмæ филолог.
Цард æмæ сфæлдыстады афыст[ивын | Бындур ивын]
Къорд къаннæг пьесæйы окситайнагау сфæлдисыны фæстæ Мистраль ныффыста, чиныгкæсджытæ æхсызгонæй кæуыл сæмбæлдысты æмæ Францы академийы преми чи райста, йæ уыцы номдзыд хъæууон поэмæ «Мирей» («Miréio», 1859-æм азæй францаг тæлмацимæ). Фæстæдæр автор сюжеты бындурыл сарæзта, Шарль Гуно музыкæ кæуыл ныффыста, уыцы оперон либретто («Mireille»).
Поэмæйы æвзаг æвæрд æрцыд окситайнаг æвзаджы литературон нормæйы бындурæн.
Литератор ма ныффыста ахæмуацмыстæ: поэмæ «Calendeau, pou é mo nouveau» (1867), æмдзæвгæты æмбырдгонд «Lis isclo d’or» (1875), æмдзæвгæтæй фыст уацау «Nerto» (1884), трагеди «Reino Jano» (1890), поэмæ «Pouèmo dóu Rose» (1897), æмдзæвгæты чиныг «Oulivado» (1912) æмæ æнд. Фредерик Мистраль у окситайнаг æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты автор. Ацы дзырдуат («Lou Tresor dou félibrige» — «Фелибрижы хæзнадон», 1879—1886) у окситайнаг æвзаджы хъæздыг æмбырдгонд.
Мистраль уыди, «Revue félibrienne»-йы саразджытæй иу. Ацы мыхуыры оргæн тох кодта Провансы хæдбындур æгъдæуттæ бахъахъхъæныл.
Премитæ æмæ хорзæхтæ[ивын | Бындур ивын]
Мистралы 1904-æм азы схорзæхджын кодтой литературæйы Нобелы премийæ — «Адæмы зæрдæ рæстæй чи æвдисы, уыцы уацмысты ног æмæ оригиналондзинады тыххæй».