Перейти к содержанию

Меняйло, Сергей Иваны фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Меняйло Иваны фырт Сергей
уырыс. Сергей Иванович Меняйло
2021-æм азы 9 апрелæй
Раздæр чи уыд Битарты Вячеслав
Тырыса
Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы уæнг
Тырыса
2016-æм азы 12 августы — 2021-æм азы 2 августы
Тырыса
Уæрæсейы Федерацийы президенты минæвар Сыбыры федералон зылды
Тырыса
2016-æм азы 28 июлы — 2021-æм азы 9 апрелы
Раздæр чи уыд Николай Рогожкин
Тырыса
Севастополы губернатор
(х. р. æ 2014-æм азы 14 апрелы — 9 октябры)
Тырыса
2014-æм азы 9 октябры — 2016-æм азы 28 июлы
Фæстæдæр Дмитрий Овсянников

Райгуырдис 1960-æм азы 22 августы(1960-08-22) (64 азы)
Ахуырад
Сайт alania.gov.ru/head
Æфсæддон куыст
Æфсæддон куысты азтæ 1978—2011
Бæстæ Советон Цæдис Советон ЦæдисУæрæсе Уæрæсе
Хуындад вице-адмирал
Командæ кодта Новороссийсчы æфсæддон-денджызон базæ
Тохтæ Хуссар Ирыстоны хæст (2008)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сергей Иваны фырт Меняйло (райгуырдис 1960-æм азы 22 августы, Цæгат Ирыстоны Алагиры) у Уæрæсейы политикон æмæ æхсæнадон архайæг, 2021-æм азы 9 апрелæй æххæст кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы сæргълæууæджы хæстæ[1].

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Сергей Меняйло райгуырдис Алагиры, ирон-уырыссаг бинонты ’хсæн.

1983-æм азы каст фæци Къаспы Уæлдæр æфсæддон-денджызон училище, райста дзы индзылер-штурманы дæсныйад. Службæ кæнын райдыдта Цæгат флоты.

2004-æм азы 22 июны Уæрæсейы Федерацийы президенты барамындмæ гæсгæ Меняйло нысангонд æрцыд Новороссийсчы æфсæддон флоты базæйы штабы сæрдарæй, 2005-æм азы та — базæ æмæ гарнизоны командæгæнæг.

2007-æм азæй у вице-адмирал, Сауденджызон флоты командæгæнæджы хæдивæг.

2008-æм азы августы Сергей Меняйло активонæй архайдта Гуырдзыстон æрсабыр кæнынмæ æфсæддон-десантон кампанийы.

2010-æм азы Меняйлойы кандидатурæ æвæрд æрцыдис Уæрæсейы президенты раз Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы бынатмæ.

2014-æм азы 14 апрелы Меняйло сси Севастополы губернаторы хæстæ æххæстгæнæг[2] æмæ уыцы бынаты куыста 2016-æм азы июлы онг[3].

2016-æм азы 28 июлы нысангонд æрцыдис УФ-йы президенты минæварæй Сыбыры федералон зылдмæ.

Æддаг æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]