Перейти к содержанию

Махфуз, Нагиб

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Нагиб Махфуз
масри نجيب محفوظ
Гуырæн ном арабб. نجيب محفوظ عبد العزيز إبراهيم أحمد الباشا‎‎
Райгуырды датæ 1911-æм азы 11 декабры(1911-12-11)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2006-æм азы 30 августы(2006-08-30)[3][1][…] (94 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз романист, сценарист, тæлмацгæнæг, драматург, фыссæг, интеллектуал, журналист, новеллист, автобиограф
Сфæлдыстады азтæ 19322004
Жанр роман[d] æмæ радзырд[d]
Уацмысты æвзаг араббаг[5]
Хорзæхтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Нагиб Махфуз (1911-æм азы 11 декабры, Каир2006-æм азы 29 августы; арабб. نجيب محفوظ‎‎) у зындгонд мысираг фыссæг-романист, драматург, сценарист æмæ араббаг дунейы иунæг Нобелы премий лауреат литературæйæ.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Нагиб Махфуз райгуырд Каиры 1911-æм азы, паддзахадон кусæджы бинонтæм. Каиры университеты ахуыр кодта философи æмæ литературæ, 1934-æм азы каст фæци философийы факультет.

1972-æм азы онг куыста куыд паддзахадон кусæг, разамынд-иу лæвæрдта Кинойæн æххуысгæнæн фондæн, уыди Культурæйы министрады консультант.

Йæ уацмыстæм гæсгæ либералон фыссæг уыди, уымæй бирæтæ разы нæ уыдысты. 1994-æм азы фыссæгæн балæбурдта фанатик æмæ йæ йæ кардæй фæцæф кодта.

Махфуз фæмард 2006-æм азы 29 августы.

Æдæппæтæй Нагиб Махфуз ныффыста 50 роман æмæ уацауы фылдæр. Уыдонæй се ’рдæг кинофильмты бындур фесты.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Naguib Mahfouz // Internet Speculative Fiction Database (англ.) — 1995.
  2. Nadjib (Nagib) Mahfus // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  3. http://news.bbc.co.uk/1/hi/world/middle_east/5297470.stm
  4. Махфуз Нагиб // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  5. CONOR.Sl