Мармæр денджыз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мармæр денджыз
Характеристикæ
Фæзуат11 350 км²
Гуырахст3000 км³
Стырдæр арф1355 м
Астæуккаг арф494 м
Ран
40°43′21″ с. ш. 28°13′29″ в. д.HGЯO
Бæстæ
ФурдАтлантикон фурд 
Турк
Мармæр денджыз
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Мармæр денджыз[1] (тур. Marmara Denizi, ном равзæрди, урс мармæр кæм амал кодтой, уыцы сакъадах Мармарæйы номæй; раггрекъаг ном — рагон грекъ. Προποντίς Пропонтидæ) у Атлантикон фурды денджыз, æрбынат кодта Турчы европæйаг æмæ чысылазиаг хæйттæй.

Цæгат-скæсæны Босфоры донкъубалы фæрцы баст у Сау денджызимæ, хуссар-ныгуылæны — Дарданеллты донкъубал æй бæтты Эгейы денджызимæ.

Денджызы алфамбылай рагзаманæй цæрынц адæймæгтæ.

Мармæр денджызы дæргъ у 280 км, уæрх та — 80 км. Фæзуат у 11 472 км². Доны рæстæмбис бæрцуат 4000 км³, æрфад — 1355 м.

Мармæр денджызы уынд Стамбулæй

Мармæр денджызы былгæрæтты бирæ цæрæнрæттæ и. Илмæ (провинцимæ) гæсгæ уыдон сты:

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Уырыссаг-ирон дзырдуат. Сарæзта йæ Абайты Васо. Дыккаг, срастгонд æмæ баххæстгонд рауагъд. Редактор Исаты М.И, рауагъдад «Советон Энциклопеди». Мæскуы — 1970