Перейти к содержанию

Мамыкъаты Хъазыбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Мамыкъаты Джеуæрджийы фырт Хъазыбег (райгуырди 1956-æм азы Цæгат Ирыстоны Сырх Дыгуры хъæуы) у ирон поэт.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультеты ирон-уырыссаг хайадмæ. Бирæ азты дæргъы фæкуыста фирмæ «Хъазыбеджы». Ныртæккæ у журнал «Мах дуджы» поэзи æмæ драматургийы хайады сæргълæууæг.

Æмдзæвгæтæ фыссы иронау æмæ дыгуронау. Мыхуыры йын рацыди дыууæ чиныджы — «Мæйы сонатæ» (чиныгуадзæн «Алани», 1998) æмæ «æрвон рухс» (чиныгуадзæн «Ир»,2003).[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012