Мамыкъатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мамыкъатæн се ’рвадæлтæ сты Есиатæ, Парсиатæ, Уызегатæ æмæ Хуытъинатæ

Мамыкъатæ, дыгуронау Мамукъатæ (уырыс. Мамукаевы) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Мамыкъатæ æмæ Мамыхъатæ иу мыггаг сты. Мамыкъатæ уырыссагау сæ мыггаг фыссынц Мамукаевы, Мамыхъатæ та — Мамуковы. Мыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Мамукъæн йæ цæуæтæй иу хуынд Мамыхъ, уырыссагау — Мамук. Мамыхъæн йæ цæуæт сæ мыггаг ныффыстой сæ фыды номыл — Мамыхъатæ. Сæ фыдæл цардис Куырттаты комы Цымытийы хъæуы. Ам абоны онг лæууы сæ мыггаджы мæсыг.

Цымытийы фæтуджджын сты кæсгæттимæ. Уыдон аскъæфтой ирон чызджыты. Скъæфджытæй дыууæйы амардтой, уымæ гæсгæ сын уым цæрæн нал уыд æмæ алыгъдысты — чи Гуырдзымæ, чи Кæсæгмæ, чи Балхъармæ, чи та Цæгат Ирыстоны æндæр æмæ æндæр хъæутæм.

Ацы мыггаг сæ æрвадæлтыл нымайынц Уызегаты, Хуытъинаты, Есиаты, Парсиаты.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 119.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 94.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 334–335.