Майрæмсаутæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Майрæмсаутæ[1], дыгур. Майрæнсаутæ (уырыс. Майрамсаевы, Майрансаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Мыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Майрæнсауты мыггаг равзæрд грекъаг лæгæй, йæ ном ын таурæгъгæнджытæ нæ хъуыды кæнынц. Уымæн Къуссуйы хъæуы райгуырд фырт — Майрæнсау. Майрæнсауæй рацыд мыггаг, æмæ афтæмæй Къуссуйы фæзынд Майрæнсауты мыггаг. Майрæнсаутæ сæхицæн хæстæг æрвадæлтыл нымайынц Гуылæр æмæ Дзынагъайы хъæуты цæрджыты — Найфонты æмæ Асеты, фæлæ куыд хæстæг æййафынц мыггæгтæ кæрæдзимæ, уый таурæгъгæнджытæ нæ зонынц. Майрæнсауы фæстæ, дам, мыггаджы хистæр уыд Бута. Бутайы фырттæй сæ иу хуынд Тотурухъ, фæсномыгæй йæ хуыдтой «Сæркъуыр», йæ фыды марæджы сæр кæй ракодта, уымæ гæсгæ. Тотурухъ уыд Дæгуйты хæрæфырт, цард Цыколайы. Уым ын райгуырд фырттæ: Даукуй, Темырхъан, Мæхæмæт. Цардысты хицæн хæдзæрттæй. Майрæнсауты мыггагæй иутæ фæлыгъдысты Сечермæ, иннæтæ — Хæзнидонмæ. Хæзнидонмæ чи алыгъд, уыдон 1930 азы кулак кæнынмæ хъавыдысты, æмæ уымæ гæсгæ сæ мыггаг раивтой Найфонтæй, æмæ абон дæр ацы мыггагыл фыссынц сæхи Хæзнидоны Майрæнсаутæ.

Майрæнсаутæ абон цæрынц Сечеры, Дзæуджыхъæуы, Душанбейы, Налцыччы æмæ æндæр рæтты.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.