Лураг адæм

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Лурæгтæ
Хином перс. لُر
Нымæц 5 млн.
Ахæлиу Иран Иран: 4–5 млн.
Æвзаг лураг
Дин пысылмон дин
Кæй сконды у ирайнаг адæмтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Лурæгтæ (перс. لر) сты ирайнаг адæмыхатт ныгуылæйнаг Ираны, Загросы хæхты. Адæмы иумæйаг нымæц у 2,6 милуан адæймаджы. Лурæгтæ дихгонд сты цыппар хæстæг знæмон къордыл: пиш-е куха æмæ пошт-е куха Лурестаны, мамасани æмæ кухгилуйе та Фарсы.

Дзурынц лураг-бахтияраг æвзагыл (хауы ирайнаг къорды ныгуылæйнаг ирайнаг æвзæгты дæлкъордмæ). Лурæгтæ сты шиитаг пысылмæттæ.

Ивгъуыд заманты уыдысты фылдæр фосдарæг цæугæцардгæнджытæ, фæлæ фæстагмæ адæмы фылдæр хай ныууагътой цæугæ цард æмæ райдыдтой кæнын зæххы куыст.