Луийы номыл квартал
«Луийы номыл квартал» — Пензæйы реабилитационон центр, ис дзы цæрыны фадат. Центры цæттæ кæнынц хæдхъом цардмæ æнæ ныййарджыты æххуысæй баззайгæ æвзонг инвалидты. Сæвæрдтой йыл джаз-зæлвидыцоны Луи Армстронгы ном. Центры цæрыны фадатæн кæцыдæр хай фидынц коммунæйы цæрджытæ.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Центр байгом и джеоргуыбайы мæйы 1 бон 2014-æм азы Пензæйы Бæрзы фæрсуынджы. Йæ бындурæвæрæг у æхсæнадон организаци «Благовест». Проект сарæзтой шоу «Минута славы»-йы уæлахизæг Даниил Анастасьин æмæ инвалидты организацийы «Мы вместе»-йы президент, Бетъырбухаг æхсæнадон архайæг Юрий Кузнецов. Уæрæсейы Фæллойы министрад рахицæн кодта 400 мин сомы, хæдзары цы ’мбæлы, ахæм техникæйæ сифтонг кæнынæн[1].
Центры агъуыст барухс кодта Митрополит Пензенский æмæ Нижнеломовский Серафим.
Центр фыццаг цæрджытæ уыдысты Нижнеломовсчы интернаты æмæ Сердобсчы ветеранты хæдзары рауагъддзаутæ.
Уыцы аз цыппурсы мæйы Социалон технологиты теплицæмæ гæсгæ, центр рахуыдтой азы социалон проекттæй иууыл хуыздæр сæ иуæн, кæцы фæивта Уæрæсейы гражданон активизмы цæстæнгас[2].
Центры архайд
[ивын | Бындур ивын]Центрæн радтой легендарон джазон зæлвидыцоны Луи Армстронгы ном. Ахæм фæнды бындурыл æвæрд ис идейæ, зæгъгæ цард дæр у джазы хуызæн, æмæ арæзт у ипровизацитæй æмæ арæнæвæрдтæй[3].
Йæ саразыны идейæ нæм рагæй фæзындис. Нижний Ломовы интернат-хæдзары физикон æгъдауæй хъуаг сывæллæттимæ куыстæй бамбæрстам, нæ фыдæбæттæ уæгъды кæй уыдысты, уымæн æмæ 18 азæй фæстæмæ сын сомбоны ницы перспективæтæ и.
Проекты автор Мария Львова-Белова.[4] |
Центр кусы цард, ахуыр, куыст формулæ гæсгæ. Коммунæ-общежитийы цæрджытæн дæттынц фадат сомбны хи фæндаг саразын, сæ интерстæм гæсгæ райсын дæсныйад æмæ куыст ссарын. Æрцæрын сæ кæнынц Луийы номыл квраталы 3-4 азмæ, раттынц сын хицæн цæрæн уаттæ, куысты бынæттæ. Проекты автортæ куыд зæгъынц, афтæ рæстæджы æмгъуыдмæ инвалидтæ цæттæ уыдзысты царды зындзинæдтæ фæразынмæ æмæ куыстæн и цæрæнуатæн сæхæдæг амал кæндзысты.
Центры фыццаг боны сæвзæрдæй фæстæмæ инвалидтæ фыстой сæ пенсийы ’рдæг (6 000 сомы) проекты хæрдзтæ фидынæн. Фæлæ уый фаг нæ уыди. Хæдзары фæзынди хи мыхуыры лаборатори. Фыццаг уæй кæнынмæ рæвæрдтой кружкæтæ сæхи аразт фыстытимæ æмæ нывтимæ. Стæй фæнд кодтой фотостуди, салон красоты, флористикон магазин æмæ сæрмагонд кафе инвалидтæн бакæнын. Проекты авторты ныфс уыди, рæстæгмæ инвалидтæн хæдзар æнæхъæнæй сæ бон дарын кæй суыдзæн, æмæ ма хи амалхъомады куыст кæнын дæр кæй базондзысты[5]. 2014 азы центры цæрджыты дарынæн æрвылмæй хъуыдис 65 000 сомы.
Типографи
[ивын | Бындур ивын]Фыццаг куысты бынат инвалидтæн ссардæуыд хæрзгæнæн фонд «Благовесты» типографийы, кæцыйæ «Лаборатория Касперского» балæвæрдта 15 компьютры. Фæстæдæр организацийы типографи баиу кодтой Пензæйы æмæ Нижнеломовскы епархийы типографиимæ. Кондад ахастой епрахиалон управленийы афтид бынатмæ[6]. Уый фæхуыздæр кодта уавæртæ.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Сюжет о центре на ГТРК «Пенза» Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
- Начали новуюжизнь Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
- Сюжет на ТРК «Экспресс»
- Сюжет на Первом канале
- Инвалидам помогают начать новую жизнь Архивгонд æрцыдис 19 майы 2015 азы.
- Удивительный квартал Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
- Кварталы без Луи Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
- Русская Планета – Они больше года будут жить на эмоциях Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Шестеро инвалидов-колясочников поселились в «Квартале Луи», ПензаИнформ.
- ↑ 14 социальных проектов года, которые изменили взгляд на гражданский активизм в России, Теплица социальных технологий.
- ↑ В Пензе открылся уникальный центр, Официальный сайт пензенского отделения партии «Единая Россия».
- ↑ В Пензе открыт «Квартал Луи» . БезФормата.ru (2014). Датæ: 2015-æм азы 9 майы.
- ↑ Сюжет о работе уникального центра покажут на Первом канале, БезФормата.ru.
- ↑ Обитатели центра будут работать в типографии, ИЦ «Пензенская Правда». Архивгонд æрцыдис 18 майы 2015 азы.