Лингва-франкæ
Лингва-франкæ (итал. lingua franca) у, цардархайды иуæй-иу къабæзты кæмæй пайда кæнынц, этникон къордты ’хсæн коммуникативон бастдзинæдтæ аразыны ахæм фæрæз.
Дæнцæгæн æрхæссæн ис Африкæйы кæмæй пайда кæнынц, уыцы æвзæгтæ суахили æмæ хауса. Арæх лингва-франкæ-йы ахадындзинад вæййы пиджинтæн. Лингво-франкæ-йæ пайдагæныны къабæзтæ куы рауæрæх вæййынц, уæд гæнæн ис æмæ феста койне.
Термины равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Астæузаманы Зæххастæуы денджызы регионы равзæрди, сæйрагдæр араббаг æмæ туркаг сæудæджергæнджытæ европæйæгтимæ (Хæстæг Скæсæны сæ хуыдтой «франктæ») дзурынæн кæмæй пайда кодтой, ахæм хæццæ (пиджинизацигонд) æвзаг. Йæ нæмттæй иу уыди «сабир» (абар: латинаг sapere — «æмбарын»). Йæ бындуры уыди италиаг æмæ провансайлаг лексикæ, фæлæ ма йæм æрбафтыди дзырдтæ испайнаг, грекъаг, араббаг, персайнаг æмæ туркаг æвзæгтæй. Æвзагæй пайда кодтой суанг XIX æнусы онг.
Уыцы æвзаг хуыдтой «лингва-франкæ». Фæстæдæр уыцы дзырдæн фæзынди æндæр нысаниуæг — адæмты ’хсæн бастдзинады фæрæз.