Перейти к содержанию

Соловьёв, Леонид Василийы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Леонид Соловьёв-æй æрвыст)
Леонид Василийы фырт Соловьёв
Райгуырды датæ 1906-æм азы 19 августы(1906-08-19)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1962-æм азы 9 апрелы(1962-04-09)[1][3][…] (55 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, сценарист, прозаик
Жанр пикарескаг роман[d], реализм[d] æмæ публицистикæ[d]
Уацмысты æвзаг уырыссаг[4]
Хорзæхтæ
орден Отечественной войны I степени медаль «За оборону Севастополя» медаль «За победу над Германией в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»

Леонид Василийы фырт Соловьёв (19061962) — советон уырыссаг фыссæг, сценарист, Ходжа Насреддины тыххæй дилогийы автор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Леонид Соловьев райгуырдис 1906-æм азы 6 (19) августы Ливаны сахар Триполийы. Йæ фыд уыди Императоры Палестинæйы православон æхсæнады цæгат-сириаг скъолаты инспекторы æххуысгæнæг.

1909-æм азы бинонтæ рацыдысты фæстæмæ Уæрæсемæ, уырдыгæй та 1921-æм азы афтыдысты Кокандмæ (сахар Узбекистаны).

1923-æм азы Соловьев райдыдта фыссын газет «Туркестаны рæстдзинд»-ы («Туркестанская правда»). Уым фæкуыста сæрмагонд уацхæссæгæй суанг 1930-æм азмæ.

1924–1925-æм азты Ферганайы облæстмæ балцыты рæстæг Соловьев æмбырд кодта æмæ иртæста фольклорон æрмæг. Уыцы азты уый сæмбырд кодта, 1930-æм азы, «Ленин и творчество народов Востока», зæгъгæ, уыцы æмбырдгондмæ хаст чи æрцыди, ахæм зарджытæ æмæ таурæгътæ. Иуæй-иу дзурджытæм гæсгæ ацы уацмыстæ сты æцæг фольклор нæ, фæлæ литературон мистификаци — сæ автор у Леонид Соловьев йæхæдæг.

1930-æм азы Соловьев æрцыди Мæскуымæ æмæ бацыди Кинематографийы институты сценарон факультетмæ. Каст æй фæци 1932-æм азы.

1932-æм азы рухс федта йæ фыццаг чиныг — уацау «Кочевье». Ныхас дзы цæуы цæугæцардгæнджыты цæрдтыты тыххæй революцийы азты. Дыууæ азы фæстæ мыхуыры рацыди йæ уацаутæ æмæ радзырдты æмбырдгонд «Уæлахиздзауы» балц.

1939-æм азы мыхуыргонд æрцыд чиныг «Сабырад халæг» («Возмутитель спокойствия»). Уый у Соловьевы тæккæ зындгонддæр уацмыс «Ходжа Насреддины тыххæй уацау»-ы фыццаг хай. 1935-æм азы фыссæджы сценаримæ гæсгæ ист æрцыд фильм «Конец полустанка» (Межрабпомфильм). В.С. Витковичимæ иумæ ныффыстой сценаритæ ахæм кинонывтæн: «Насреддин Бухарайы» (1943) и «Насреддины хабæрттæ» (1944).

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Соловьев куыста газет «Красный флот»-ы æфсæддон уацхæссæгæй. Йæ фронтон радзырдтæ æмæ очерктæ бацыдысты цалдæр æмбырдгондмæ — «Стыр фæлварæн» (1943) æмæ «Севастополы дур» (1944). «Иван Никулин — уырыссаг матрос» (1943), зæгъгæ, уыцы уацаумæ гæсгæ фыссæг сарæзта, 1944-æм азы æмном киноныв кæуыл систой, уыцы сценари.

1946-æм азы сентябры Соловьевы æрцахстой æмæ бамидæг кодтой ахæстоны. Азымджын æй кодтой, террористон акт цæттæ кæнынæй. Рауагътой йæ 1954-æм азы июны. Афтæмæй лагерты фæци аст азы.

Йæ «Ходжа Насреддины тыххæй уацау»-ы дыккаг хай — роман «Зæрдæскъæфт принц» («Очарованный принц») ныффыстæуыд лагеры æмæ 1950-æм азы кæронмæ уыди цæттæ. 1954-æм азæй Леонид Соловьев царди Ленинграды. 1956-æм азы «Лениздат»-ы фыццаг хатт мыхуыры рацыди «Ходжа Насреддины тыххæй уацау» дыууæ чиныгæй. Уацмыс тынг фæцыди чиныгкæсджыты зæрдæмæ.

Соловьев нæ ныууагъта йæ куыст кинематографийы къабазы — 1950-æм азты кæроны ныффыста, 1959-æм азы киноныв «Шинель» кæуыл систой, уыцы сценари (Николай Гоголы уацмысмæ гæсгæ).

1961-æм азы мыхуыргонд цæуын райдыдтой, «Книга юности», зæгъгæ, йæ уыцы ног уацмысы хæйттæ (хицæн чиныгæй уацмыс рацыдис 1963-æм азы; йæ ном хуынди «Из „Книги юности“»).

Фыссæг фæзиан ис 1962-æм азы 9 апрелы Ленинграды. Ныгæд æрцыдис уæлмæрдтæ «Красненькое»-йы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 https://www.bedetheque.com/auteur-51468-BD-.html
  2. Русская литература XX века. Прозаики, поэты, драматурги (уырыс.) / под ред. Н. Н. Скатов — 2005. — ISBN 5-94848-307-X
  3. 3,0 3,1 3,2 Соловьёв Леонид Васильевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  4. Чешская национальная авторитетная база данных