Перейти к содержанию

Лависс, Эрнест

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Эрнест Лависс
фр. Ernest Lavisse[1]
Райгуырды датæ 1842-æм азы 17 декабры(1842-12-17)[2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1922-æм азы 18 августы(1922-08-18)[4][3][…] (79 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз истори
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн истори æмæ географийы агреже[d][11] (1865) æмæ аивæдты доктор[d][11] (1875)
Ахуыргæнинæгтæ Шарль Сеньобос[d] æмæ Louis Bréhier[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Къухфыст Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Эрнест Лависс (фр. Ernest Lavisse; райгуырдис 1842-æм азы 17 декабры — амардис 1922-æм азы 18 авгусы) уыди францаг историк. Уыди Францаг академийы уæнг. Каст фæци Нормалон скъола, куыста ахуыргæнæгæй Нансийы лицейы, фæстæдæр та Парижы, уыди Парижы филологон факультеты астæузаманы историйы кафедрæйы Фюстель де Куланжы хæдивæг, фæстæдæр сси ног историйы профессор.

Пруссийы историйы тыххæй ныффыста ахæм куыстытæ: «La Marche de Brandebourg sous la dynastie ascanienne» (1875), «Études sur l’histoire de Prusse» (1879), «La jeunesse du grand Frédéric» (1891), «Le grand Frédéric etc.» (1893) «Trois Empereurs d’Allemague: Guillaume I-er, Frédéric III, Guillaume II» (1888).

Франц æмæ Германы астæузаманы историйы тыххæй къорд уацы Лависс ныммыхуыр кодта «Revue des deux Mondes»-йы.

Альбер Дюмон æмæ Лиаримæ иумæ Лависс куыста Францы уæлдæр ахуырады реформæйыл, дзырдта, фæлварæнтæ (экзаментæ) æгæр зын кæй уыдысты, уый ныхмæ, лæуд уыди Германы университетты хуызæн ахуырдæттæ саразыныл, уыди, Париж, Лион, Бордо, Монпелье æмæ æндæр сахарты кæй сарæзтæуыд, уыцы студентон æхсæнæдты фарс.

Лависсы педагогон куыстытæ æмбырдгонд сты æртæ чиныджы: «Questions d’enseignement national» (П., 1885), «Études et étudiants» (П., 1890) и «À propos de nos écoles» (П., 1895). Æнтыстджын уыдысты йæ ахуыргæнæн-историон чингуытæ. Фриманы «Историон географи»-йæн цы разныхас ныффыста, рауагъдæуыд хицæнæй ахæм сæргондимæ: «Vue générale de l’histoire politique de l’Europe» (1890; фæстæдæр йæ ратæлмац чынди уырыссагмæ).

Лависс Рамбоимæ уыдысты Æппæтиумæйаг истори рауадзыны хъуыддаджы сæргъы. Рауагъд хуынди «Histoire générale du IV siècle à nos jours» æмæ мыхуыргонд цыди 1893-æм азæй. Редактортæ Лависс æмæ Рамбо сарæзтой чиныджы иумæйаг пълан, хицæн сæргæндтæ та фыстой æндæр æмæ æндæр специалисттæ.

Лависсы чингуытæ æмæ йæ университетон курсытæ скодтой популярон йæ ном фæсивæды ’хсæн; ахуыргонд æвзæрст æрцыд Францы студентты цæдисы сæрдарæй (Association des étudiants de France).

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]