Къадзаты Станислав
Внешний вид
Къадзаты Соброны фырт Станислав (райгуырди 1955-æм азы Кировыхъæуы) у ирон поэт.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Каст дзы фæцис æртæ курсы, стæи аивта Мæскуыйы паддзахадон университеты журналистикæйы факультетмæ. Ахуыр фæци 1979 азы æмæ кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны радиойы. 1989-1993 азты уыди журнал «Ногдзау»-ы бæрнон секретарь. Уый фæстæ ногæй рацыди Цæгат Ирыстоны радиомæ.
Рауагъта æртæ поэтикон чиныджы «Уидæгты рухс» (чиныгуадзæн «Ир», 1990), «Ирдгæ» (чиныгуадзæн «Ир», 2001), «Урс къæсæр» (чиныгуадзæн «Ир», 2006).[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012