Къæбысты Уарден

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къæбысты Захары фырт Уарден (райгуырдис 1930-æм азы Ахметъайы районы Аргохы хъæуы) у ирон фыссæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Къæбысты Уарден райгуырдис 1930-æм азы Къахеты Аргохы хъæуы. 1952-æм азы Уарден астæуккаг скъола каст фæци Телауы районы Пшавелийы хъæуы. 1957-æм азы та каст фæци Тбилисы хъæууонхæдзарадон институты зæххарæзты факультет æмæ кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы хъæууон хæдзарадон хайады зæхбарæгæй. Куыста ма Ленингоры районы газет «Ленинон»-ы редакторы хæдивæгæй.

Къæбысы-фырт литературон фæлварæнтæ райдыдта, астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йе ’мдзæвгæтæ фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты 1948-æм азы журнал «Фидиуæджы». 1957-æм азы та ацы журналы ныммыхуыр кодта йæ радзырд «Фаззæттæ». Уæдæй фæстæмæ мыхуыры цæуынц йæ уацмыстæ.

Къæбысы-фыртæн «Æнгæсæй-æнгæсмæ» у йæ фыццаг чиныг.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Къæбысты Уарден. Æнгæсæй-æнгæсмæ (радзырдтæ æмæ уацаутæ). Рауагъдад «Ирыстон». Цхинвал, 1975.