Куыстуарзты хæдзар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Куыстуарзты хæдзар фæзындис Уæрæсейы XIX æнусы кæрон, куыд æххуысы формæ æнæиргъæвд цæрджыты социализацийæн — сæ куыстæн цын фыстой мызд, лæвæрдтой цын цæрæнуат æмæ хæринаг.

Кусыны хæдзæрттимæ иртасгæйæ, куыстуарзты хæдзæрттæ фыццаг рæстæджы ахæстæттæ нæ уыдысты. Адæм дзы цардысты æмæ куыстой сæрибарæй.

Куыстуарзты хæдзæрттæ Уæрæсейы уыдысты социалон амалхъомады[1] фыццаг формæтæй иу æмæ уыдысты æнгом баст барон Отто Буксгевдены[2] номимæ. Йæ фыццаг къахдзæфты йын æххуыс кодта княгиня Александра Иосифы чызг.

Елизаветæйы училищетæ[ивын | Бындур ивын]

Императоры ус Елизаветæ Алексейы чызг

XIX æнусы фыццаг хайы куыстуарзты хæдзæртты ном хастой дыккæгæм къæпхæны сылгоймæгты ахуырдæттæ. Уым æнæ ’хца фидынæй цардысты æмæ ахуыр кодтой чызджытæ мæгуыр бинонтæй. Уырдæм ма истой асджын сылгоймæгты дæр.

1847-æм азы цы куыстуырзты хæдзæрттæ уыд Мæскуыйы, Бетъырбухы, Симбирскы уыдоны нæммтæ раивтой Елизаветæйы училищæты императоры ус Елизаветæ Алексейы чызджы номæй. Уый цын æххуыс кодта æмæ цын ныууагъта егъау æхцайы фæрæзтæ, æрдæг милуан сомы.

Ахæм ахуырдон куыста Калугæйы дæр.

Истори[ивын | Бындур ивын]

1821-æм азы Рязаны фæзындис ног хуызы куыстуарзты хæдзар. Уый баиу кодта райдайæн скъола æдзухъом сывæллæттæн, богодельни зæронд æмæ рынчын адæмæн æмæ куысты хæдзар.

1864-æм азы Бетъырбухы Благовещенсчы аргъуаны сфæнд кодтой саразын «куыстуарзты хæдзар» кусæн хæдзары формæйы, фæлæ уыцы фæлварæнæй æнтыстджынæй ницы рауад.

1865-æм азы бындур æвæрд уыд «Куыстуырзты разæнгард кæныны æхсæнад». Йæ сæргълæууæг сси Александрæ Стрекалова. Фæстæдæр «Куыстуырзты разæнгард кæныны æхсæнад» раиртæстой Уæрæсейы фыццаг раст кæныны æмæ хъомылады сывæллæты аздон, йæ директор сси Николай Рукавишников.

1882-æм азы кæфты мæйы 10 бон Андрейы номыл аргъуаны сауджын фыд Иоанн æмæ лютерайнаг барон Отто Буксгевден байгом кодтой куыстуарзты хæдзар Кронштадты, каецы сси ахæм уагдонты хуыздæр дæнц Уæрæсейы. Уый фæстæ паддзахы парахат кæнын райдыдтой куыстуарзты хæдзæртæ.[2][3]

1886-æм азы барон Буксгевдены æмбырд ’хцайæ Бетъырбухы байгом и нæлгоймæгты Евангеликон куыстуарзты хæдзар 40 адæймагæн.[2][4] Сæ фылдæр хай сæхи хорз равдыстой, уымæ гæскæ хæрзтæ фæкъадтæр сты, кусæнбынæттæ та фылдæр фесты.[2][4] Уагдоны куысты нысан уыд «нуазаг æмæ хæлд кусджыты скæнын æвронг æмæ сæ дисциплина фæхуыздæр кæнын».

Кронштадты куыстуарзты хæдзаримæ абаргæйæ, адонæн сæ бон нæ уыд уагдонæй æддæмæ хизын. Уый хæстæг кодта куыстуарсты хæдзæртæ кусæн хæдзæрттимæ. Уымæн уыд ахæм райхæлд: «Рæстæг куыд æвдисы, кусджытæ се ’хца уайтагъд хардз кодтой, æмæ иу æдзæлаг уавæры баззадысты, уымæ гæсгæ цæдис банымадта хуыздæрыл дæттын цын цæрæнуат æмæ хæринаг. Цалдæр бинойнаг зæронд лæгтæй, иннæтæй домтой цæмæй цæрой куыстуарзты хæдзары мидæг».[2] 1889 азы куыстуарзты хæдзары цард 103 адæймаджы, кодтой картузтæ, хъæбæрцъары куыст, бандæттыл хъуымацæмбыд æмæ хъæддæсныйы куыстытæ, дзаумæттæ æмæ дзабыртæ хуыйыны куыст.

1890-æм азы Петры номы мæгуыртæн æххуысы æхсæнад байгом кодта куыстуарзты хæдзар, кæцыйы цæрджытæн лæвæрдтой куыст æмæ хæринаг, сеппæты мæгуыртæн та – æхсæвиуат, уымæн хъуамæ фидиккой сæ мызды хай æхсæнады æххуысæн. 1892-æм азы цыппурсы мæйы 23-æм боны барон Буксгевдены æххуысæй байгом и æхсæнад «Мæлдзыг». Уыд конд французаг «Société des fourmis» дæнцыл.

1893-æм азы Александра Стрекалова бындур æрывæрдта хæрзгæнæн æхсæнад «Мæскуыйаг мæлдзыджы губакк»-æн, уымæн йæ нысан уыд фæкæсын сеппæты мæгуырдæр сылгоймæгтæм, куыст цын дæттгæйæ.[2] «Мæлдзыджы губакк»-ы уæнгтæ – мæлдзыджытæ – фыстой кассæмæ иу сомæй фылдæр æмæ иу афæдзы дæргъы хи хардзæй бахуыдтой дыууæ дзаумайы.[2] Æрмадзы кусджыты райдыдтой хонын «мураши»-тæ.[2]

1894-æм азы байгом и сылгоймæгты фыццаг куыстуарзты хæдзар. Уым йæ бон уыд кусын кæмæнфæнды дæр – хуыйæн æрмадзы кæнæ хæдзары. Рæстæгмæ дзы сæвзæрыд егъау хæрзгæнæн комплекс: æрмадз, адæмон цайцымæн хæдзар, кæрдзынгæнæн. Уый ифтонг кодта сылгоймæгты аслам дзулæй, сеппæтæй мæгуыр кусджытæн къæбæр лæвæрдтой лæвар. Цалынмæ мадæлтæ кодтой кусгæ уæдмæ сæ сывæллæттæм цæстдард цыд рæвдауæндоны. Кæсын-фыссын чи зоны, уыдонæн 1897-æм азы уыд арæзт хуыйджыты скъола. Заказтæ цыдысты арæх, конд продукци уæй кодтой склæдтæй асламæй. Уый уыд Мæскуыйы ахæм хуызы фыццаг хæрзгæнæн уагдон.

1895-æм азы зæрдæвæрæны 15 бон цытджын гражданкæ С.Н. Горбова разæрæвæрдта сахары Думæйæн саразын хи ’хцайæ куыстуарзты хæдзар сылгоймæгтæн. Радих кодта зæххы хай, дыууæ уæладзыгон хæдзары уыд æрбынат кæнын 100 кусæгæн. Дыккæгæм уæладзæджы уыд дыууæ мастерскойы, хуыдтой дзы хуыссæны цъæрттæ, фыццæгæм уæлазæджы – кусджыты фатертæ æмæ адæмон столовы.

1895 азы императрица Александра Федоры чызг бындур æрывæрдта куыстуарзты æмæ кусты хæдзартты уагæвæрд.[2] Йæ нысан уыд «уаг дæттын æмæ дарддæры парахат ахæм æххуысы формæйæн, кæцы аллы хуызты уыди раздæр».[2]

Конд уыд иугонд уагæвæрд ахæм æхсæнæдтæн, кæцытæ гом кæнынц куыстуарзты хæдзæртæ Уæрæсейы. 1897 азæй 1917 азмæ Попечительство уагъдта журнал «Трудовая помощь» зæгъгæ, куысты организаци кæныны тыххæй литература, алы аз кодтой конкурс куысты æххуысы сгарджыты рабæрæг каныныл.[2]

1896-æм азмæ Уæрæсейы куыста 44 куыстуарзты хæдзары. Сæ фылдæр хай гом уыд барон Буксгевдены æнувыдæй. 1898 азмæ куыстуарзты хæдзæрттæ систы 130.

1897 азы Буксгевден бындур æрывæрдта куыстуарзты хæдзартты ног хуызæн: куыстуарзты хæдзар ахуыргонд сылгоймæгтæн. Уым байгом сты французаг, немыцаг, англисаг, итальянаг æмæ испайнаг æвзаджы курсытæ,бухучеты курсытæ, редакторы курсытæ, машинкаейыл фыссыны курсытæ, хуыйыны курсытæ, суанг куклатæ кæныны курсытæ дæр. Цæлдæр мæйы нæма рацыд, афтæмæй дзы куыста ахуыр кодтой 50 сылгоймагæй фылдæр. Хуыздæр ахуырдзаутæн администраци лæвæрдта куыст банчы æмæ канторты.

20 æнусы райдайæнмæ дзырдбаст «куыстуарзты хæдзар» сси æппæтон ном алы ахæм уагдæттæм. Хъуаг чи æййафтæ бар лæвæрдтой бакусын хца, курæггаджы бæсты. Уыцы рæстæг уыдысты сæдæйæ фылдæр.

1902 азы Отто Буксгевден байгом кодта сæрмагонд сывæллæтты аздон Дæллаг Новгороды, кæцыйы сывæллæтты ахуыр кодтой æрмиадыл.

Октябры революцийы фæстæ сеппæт куыстуарзты хæдзæрттæ Уæрæсейы уыдысты æхкæд, сæрмагонд инициативæ ацы фадыджы уыд иууылдæр цагъд. Ног хицауад къорд социалон бæрн иууылдæр сывæрдта Советон паддзахадыл.

Дыууæ минæм азы райдайæны Уæрæсейы ногæй райдыдтой гуырын куыстуарзты хæдзæрттæ. Фæлæ цæ уæвынæн нæ уыд юридикон бындур, бирæ хæйтты закъонимæ уыдысти ныхмæдзырд.

2000-æм азы райдайæны АИШ-ы Бруклины байгом и Иоанн Кронштадтаджы куыстуарзты хæдзар.

Куысты принциптæ[ивын | Бындур ивын]

Куыстуарзты хæдзæрттæ фыццаг азты уыдысты фæллойы биржæйы хуызæн, уым æххуыс кодтой агурын куыст æгуыстæй чи баззад, ахæмтæн. Хъуаг чи аййæфта, уыдонæн лæвæрдтой хæринаг æмæ цæрæнуат.

Арæх дзы уыд райдайæн скъолатæ сывæллæттæн æмæ хуыцаубоны скъола курсытимæ хъомыл адæмæн. Херсоны, Ярославлы, Яренскы куыстой куыстуарзты хæдзæрттæ сывæллæттæн. Херсоны Æхсæнад уыцы здæхт нымадта сæйрагдæрыл.[2]

Финанстæ[ивын | Бындур ивын]

Куыстуарзты хæдзæрттæ сеппæт дæр куыстой паддзахы фæрæзты æххуысæй, сæрмагонд конд организациты хцайæ кæнæ удгоймаг нывæндтæй.

Куыстуарзты хæдзæртты бюджеттæ арæзт уыдысты паддзахады дотацитæй, уæнгты фыстытæй, хæрзгæнæн нывæндтæй, стæй продукци уæй кæнынæй æмæ конд куыстыты тыххæй цы ’хца исынц, уыдонæй.

Сау куыст кæнаг мастер бон иста мызд 5 капеккæй 15 капеччы онг. Уымæй фылдæр хардз не ’мбæрзтой сывæллæты куыстуарзты хæдзæртæ.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Я.С.Гришина. СОЦИАЛЬНОЕ ПРЕДПРИНИМАТЕЛЬСТВО КАК ИННОВАЦИОННО-ПРАВОВАЯ ОСНОВА ОБЕСПЕЧЕНИЯ ИМУЩЕСТВЕННЫХ ПОТРЕБНОСТЕЙ // ВЕСТНИК НИЖЕГОРОДСКОГО УНИВЕРСИТЕТА ИМ. Н.И. ЛОБАЧЕВСКОГО. — № № 3-2 / 2013.
  2. 2,00 2,01 2,02 2,03 2,04 2,05 2,06 2,07 2,08 2,09 2,10 2,11 Евгения Владимировна Храпоничева. Дома трудолюбия. Московский журнал (1999 (№9)). Датæ: 2015-æм азы 29 апрелы.
  3. Попов И. В. Святыни Кронштадта: Дом трудолюбия. Отец Иоанн Кронштадтский. Кронштадтский вестник (30 сентябры 2005). Датæ: 2015-æм азы 29 апрелы.
  4. 4,0 4,1 Кристина Петроченкова. Дом трудолюбия св. Иоанна: «Учреждение первых христиан времен апостольских». Милосердие.ru (2 январы 2015). Датæ: 2015-æм азы 29 апрелы.