Курув
Перейти к навигации
Перейти к поиску
Хъæу
![]()
![]() |
Курув (пол. Kurów) у хъæу Польшæйы хуссар-скæсæны. Лæууы цæугæдон Курувкæйы былтыл, Люблинмæ ’ввахс.
Кæд ныртæккæ Курувы 3 мин адæймагæй фылдæр нæ цæры, уæддæр хъæуæн ис хъæздыг æмæ цымыдисаг истори. 1431 азæй 1442 азмæ Курувæн уыдис сахары бартæ, куыстой дзы бирæ куыстуæттæ. Уыцы рæстæг уый сси кальвинизмы Польшæйы ахадгæдæр центртæй иу.
1670-æм азы сахарыл æрцыдис æвирхъау емынæ, уый фæстæ Курув къаддæр фæцис æмæ йæ ферох кодтой.
Польшæ дихгонд куы æрцыдис, уæд Курув бахаудис Австрийы скондмæ, фæстæдæр бацис Польшæйы къаролады хай — Уæрæсемæ.
Курувы цæрджытæ партизантæй тох кодтой Дыккаг дунеон хæсты рæстæг, Курувы алфамбылай цы хъæдтæ ис, уыдоны.