Курская (станицæ)
Станицæ | |
Курская | |
---|---|
44°02′30″ с. ш. 44°33′26″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад |
![]() |
Федерацийы субъект | Стъараполы край |
Муниципалон зылд | Курскаяйы район |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1784 |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘12 000[1] адæймаджы (2014) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекс | 357851 |
|
Курска́я у Стъараполы крайы станицæ, Курскаяйы районы административон центр æмæ уыцы районы стырдæр цæрæнран. Лæууы Хъуырæйы доны (уырыс. Кура) былтыл, цæугæдоны номæй дæр хуыйны Курская. Станицæйы цæрынц 11,8 мин адæймаджы.
Æфсæнвæндаджы хæстæгдæр станцæ у Мæздæджы (45 км хуссарырдæм).
Этникон сконд[ивын | Бындур ивын]
Цæрджыты фылдæр хай сты уырыссæгтæ (хъазахъхъæгтæ), ис бирæ сомихæгтæ дæр (сыхагон хъæу Эдисси у сомихаг хъæу), цæрынц ма туркæгтæ, хъуымыхъхъæгтæ, кæсгæттæ, цæцæйнæгтæ.