Перейти к содержанию

Кулиев, Хъайсын Шувайы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кулиев Шувайы фырт Хъайсын
хъæр.-балхъ. Къулийланы Шуўаны жашы Къайсын
Райгуырды датæ 19 октябры (1 ноябры) 1917
Райгуырæны бынат Чегемы район, Хæххон республикæ
Мæлæты бон 1985-æм азы 4 июны(1985-06-04) (67 азы)
Мæлæты бынат Чегем, Советон Цæдис
Æмбæстонад Советон Цæдис Советон Цæдис
Ахуырад
Архайды хуыз поэт, прозаик, журналист
Уацмысты æвзаг уырыссаг æмæ хъæрæсейаг-балхъайраг
Хорзæхтæ
Ленины орден орден Октябрьской Революции орден Отечественной войны I степени орден Отечественной войны II степени Фæллойадон Сырх Тырысайы орден медаль «За оборону Сталинграда» медаль «За победу над Германией в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «Тридцать лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «Сорок лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «60 лет Вооружённых Сил СССР»
Ленины преми Советон Цæдисы паддзахадон преми
нагрудный знак «За заслуги перед польской культурой»
Государственная премия РСФСР имени М. Горького
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хъайсын Кулиев[1] (хъæр.-балхъ. Къулийланы Шуўаны жашы Къайсын) уыдис зындгонд асыйаг (балхъайраг) поэт. Райгуырдис Уæллаг Чегемы 1917-æм азы 1 ноябры, амардис 1985-æм азы 4 июны.

Ахуыры фæстæ службæ кодта æфсады. Кулиев фронты куы уыдис, 1944-æм азы мартъийы йæ адæмы ралидзын кодтой Хъазахстан æмæ Астæуккаг Азимæ. Демобилизацийы фæстæ Борис Пастернакы æххуысæй Кулиевæн радтой Мæскуыйы цæрыны бар, фæлæ уый йæхи фæндонæй ацыдис Хъиргъизмæ. 1956-æм азы уый раздæхтис Кæсæг-Балхъармæ (æцæг 1957-æм азы онг республикæ хуындис Кæсæджы АССР).

Кулиев уыдис бирæ хæрзиуджытæй хорзæхджын (уыдоны ’хсæн Ленины орден æмæ Фæллойы Сырх Тырысайы дыууæ ордены), цалдæр паддзахадон премийы лауреат.

Хъайсын хæларæй цардис ирон фысджытимæ.

2001-æм азы мыхуырæй рацыдис Кулиевы æмдзæвгæты æмбырдгонд иронау, ратæлмац æй кодта Джусойты Нафи.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Елбрусы дæлвæзты — Орджоникидзе: Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, 1957