Кудрявцев, Александр Абакары фырт
Александр Абакары фырт Кудрявцев | |
---|---|
Александр Абакарович Кудрявцев | |
Райгуырды датæ | 1941-æм азы 2 октябры (83 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | Уæрæсе |
Зонады къабаз | археологи |
Куысты бынат | Цæгат Кавказы федералон университет |
Альма-матер | Ташкенты паддзахадон университет |
Ахуырадон къæпхæн | историон зонæдты доктор |
Зонадон разамонæг | М. Е. Массон |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | УФ-йы зонады сгуыхт архайæг |
Александр Абакары фырт Кудрявцев (райгуырдис 1941-æм азы 2 октябры Махачкалайы) у советон æмæ уæрæсейаг археолог, Цæгат Кавказы федералон университеты историон факультеты археологи æмæ регионалон историйы кафедрæйы сæрдар, историон зонæдты доктор, профессор, Уæрæсейы Федерацийы зонады сгуыхт архайæг (2002).
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Александр Кудрявцев райгуырдис Махачкалайы 1941-æм азы солиаг фыд æмæ уырыссаг мады бинонтæн. 1969-æм азы каст фæцис Ташкенты паддзахадон университет æмæ кусын райдыдта Советон Цæдисы Зонæдты академийы Дагъистаны филиалмæ чи хауы, уыцы Истори, æвзаг æмæ литературæйы институты. 1970-æм азы сси уыцы филиалы Дербенты арехологон экспедицийы хицау. 1975-æм азы бахъахъхъæдта кандидаты диссертаци, 1984-æм азы та — докторы диссертаци. 1994-æм азы райста профессоры ном. Фондз æмæ ссæдз азæй фылдæр разамынд лæвæрдта Уæрæсейы рагондæр сахар Дербенты иртасæнты, йæ архайды фæрцы сахар бахæстæуыд ЮНЕСКО-йы дунеон бынты номхыгъдмæ[1].
1997-æм азæй у Цæгат Кавказы федералон университеты регионалон историйы кафедрæйы сæргълæууæг.
Зонадон куыст
[ивын | Бындур ивын]Кудрявцев æмæ йе ’мгусджыты иртасæнтæ ссардтой «Дербенты историйы дзыхъхъынног фæрстæ, сахары райдиан фæрагондæр кæнгæй 3,5 мин азæй». 1995-æм азы, ЦКФУ-мæ куы æрбацыдис, уый æрлæууыд Централон Кавказы ахсджиагдæр археологон къахæнты сæргъы, Тæтæйраг городище, зæгъгæ. Уыцы куысты фæрцы зонад ссардта ингæнты ног хуызтæ. Уый йеддæмæ археологтæ сбæрæг кодтой куыд-иу зæххыл æрцæрдысты æрбацæуæг скифаг цæрджытæ[2].
Ног куысты бынаты СКФУ-ы кусы, сахартæ куыд рæзын байдыдтой, уыцы хабарыл, стæй кавказæгтæ цæугæцардгæнджытимæ цы æххæстдзинæдтæ дардтой, ууыл дæр.
Александр Кудрявцев бацæттæ кодта 9 зонæдты кандидаты, консультативон æххуыс кодта 2 зонæдты докторæн. У 380 зонадон куыстæй фылдæры автор.
Сæйрагдæр куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- Кудрявцев А. А. Город, неподвластный векам. — Махачкала: Даг. кн. изд-во, 1976. — 144 с. — 3000 экз.
- Древний Дербент. М., 1982.
- Кудрявцев А.А. Древний Дербент / АН СССР. — М.: Наука, 1982. — 173 с. — (Научно-популярная серия). — 120 000 экз. (обл.)
- Кудрявцев А. А. Derbend // Enсyclopadia Iranica. — New York, 1992. Columbia Universiti.
- Кудрявцев А. А. Феодальный Дербент: пути и закономерности развития города в VI — сер. XIII в.. — М.: Наука, 1993. — 320 с.
- Кудрявцев А. А. The collection of classical pottery held in the Stavropol museum of local history // Аncient civilizations from Scythia to Siberia: An International Journal of Comparative Studies in History and Archaeology. Vol 6. No 1-2. Leiden; Boston; Koln, 1999.
- Кудрявцев А. А. История: учебное пособие для вузов. — Ростов-на-Дону: Изд-во «Феникс», 2000. — 605 с. (в соавторстве).
- Kudrjavcev А. А. Archäologische Unterwasser-untersuchungen an der Küste von Darband // Archäologische mitteilungen Aus Iran und Turan. Band 33. — Berlin, 2001. C. 333—356.
- Кудрявцев А. А. Подводные археологические исследования в акватории г. Дербента // Проблемы истории, филологии и культуры. Сборник научных статей. — Москва — Магнитогорск, 2004.
- Кудрявцев А. А. О влиянии переднеазиатских градостроительных традиций на формирование оборонительной архитектуры древнего Дербента // Линии судьбы. Грани прошлого: гипотезы, парадоксы, открытия. — М., 2007.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Александр Абакарович Кудрявцев Архивгонд æрцыдис 11 ноябры 2021 азы.
- Александр Абакарович Кудрявцев
- Кудрявцев Александр Абакарович
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Поздравления Представительства Республики Дагестант
- ↑ Колесникова М. Е., Ермоленко Л. П. О творческом пути и научной деятельности А. А. Кудрявцева (к 75-летию со дня рождения)// Кавказ в отражении мировой истории: cборник научных статей к 75-летию профессора Александа Абакаровича Кудрявцева — Ставропольский ФГАОУ ВО «Северо-Кавказский федеральный университет». 2017. ISBN 978-5-9296-0890-2