Кочысаты Мухарбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кочысаты Мухарбег
Райгуырды датæ 1920-æм азы 1 майы(1920-05-01)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1944-æм азы 17 апрелы(1944-04-17) (23 азы)
Мæлæты бынат Ямполы цур, Винницæйы облæст
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Хорзæхтæ
Сырх Стъалыйы орден

Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег (райгуырдис 1920-æм азы 1 майы Ольгинскæйы — амардис хæсты быдыры Украинæйы 1944-æм азы 17 апрелы) уыд ирон журналист æмæ поэт.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

1938-æм азы Мухарбег хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци техникум. Уыцы аз бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ. Ам дæр ахуыр кодта хорз, иста Къостайы стипенди. Æнувыдæй архайдта институты ирон литературон къорды куысты.

Фæмард украинаг сахар Ямполь хъахъхъæнгæйæ. Æртындæс боны фæстæ йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 24 азы.[1]

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Поэт Кочысаты Мухарбеджы сæйраг темæтæ уыдысты:

  • Поэт æмæ поэзийы темæ («Мæ фæндырмæ», «Къоста Херсоны»);
  • Интимон лирикæ («Æз федтон дæу, æмæ та ногæй», «Талынг æхсæв алыгъд», «Æз уарзын», «Бахсæв и», «Сау цæстытæ» æмæ æндæртæ);
  • Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ («Фыдыбæстæ», «Адæмы маст», «Фæстаг салам»);
  • Мады темæ («Хъæмæ», «Фыстæг мæ мадмæ»).

Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæ («Фыдыбæстæ», «Фыстæг мæ мадмæ») систы цалдæр зарæджы бындур.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Джыккайты Шамил. Ирон литературæйы истори (1917—1956 азтæ). Дзæуджыхъæу: Ир, 2003. Ф. 353—358.
  • Кочысаты М.Г. Уацмыстæ. Чиныг сарæзта, разныхас æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста Хъодзаты Æ. Орджоникидзе, «Ир», 1977. 119 ф.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012