Косты Лизæ
Внешний вид
Косты Мараты чызг Лизæ (райгуырдис 1954-æм азы Ногиры) у ирон поэтессæ.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Каст фæцис Ногиры астæуккаг скъола дæр. Уæлдæр ахуырад та райста Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты.
Куыста газет «Социалистическая Осетия»-йы, Цæгат Ирыстоны радиойы, журнал «Ногдзау»-ы редакцийы, чиныгуадзæнтæ «Ир» æмæ «Проект-Пресс»-ы редакторæй. Ныртæккæ та у Гасситы Викторы номыл типографийы рауагъдады редактор.
1985-æм азы Дзæуджыхъæуы рацыди Лизæйы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Æрвонзынг».[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012