Контрас
Внешний вид
Контрас (исп. Contras, цыбыргонд исп. contrarrevolucionarios «контрреволюционертæ»), 1980–1990 азты Даниэль Ортегайы хицауады ныхмæ тох чи кодтой, уыцы алыхуызон къордты иумæйаг ном. Контрасæн æххуыс кодтой фæсарæйнаг тыхтæ, уыдоны ’хсæн АИШ, Аргентинæ æмæ Гондурасы хицауæдтæ.
Контрасы рæнхъыты уыдысты Анастасио Сомосайы режимы кæддæры архайджытæ, стæй, сандинистты хицауиуæгæй чи фæфыдæнхъæл, уыдон дæр.
Контрас АИШ æмæ æндæр паддзахæдтæм ластой наркотиктæ æмæ уыцы æфтиæгтæй æлхæдтой сæхицæн хæцæнгæрзтæ. АИШ-ы уæды хицауад зылын кæнынц, уыцы практикæ хорз кæй зыдта æмæ ууыл кæй разы уыд, уымæй[1]. Милуангай доллæртæ-иу радих кодтой официалон æгъдауæй дæр 1982–89 азты[2].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ National Security Archive The Contras, cocaine, and covert operations: Documentation of official U.S. knowledge of drug trafficking and the Contras . The National Security Archive / George Washington University (1990?).
- ↑ http://www.fas.org/irp/offdocs/nsdd/nsdd-017.htm