Сандинисттæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сандинисттæ (Национ Ссæрибары Сандинистон Фронт (аббр. НССФ, исп. Frente Sandinista de Liberación Nacional, аббр. FSLN) у Никарагуæйы радикалон галиу политикон парти. Хуыйны никарагуæйаг революционер Аугусто Сандинойы номæн.

Партийы бындур 1961-æм азы сæвæрдтой радикалон студенттæ. Дæргъвæтин рæстæг партийы сæйраг нысан уыд Сомосаты диктаторты династийы ныхмæ тох кæнын. Уыцы архайд 1979 азы æнтыстджынæй фæци, фæстаг диктатор Анастасио Сомоса Дебайлейы бахъуыди бæстæйæ ралидзын, фæстæдæр æй амардтой Парагвайы.

19791990 азты сандинисттæ хицауиуæг кодтой Никарагуæйы. Уыдоны хъуыди сæ тох дарддæр кæнын — бæстæйы хъæдты архайдтой Contras, рахиз партизантæ.

Партийы разамонæг бирæ азты дæргъы у Даниэль Ортега, уый у Никарагуæйы нырыккон президент.