Комуадзæн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Комуадзæн (арабб. عيد الفطر‎‎) — пысылмон адæмы бæрæгбæтты æхсæн йæ ахадындзинадмæ гæсгæ ахсы дыккаг бынат, араббаг æвзагыл – Ид-ал-фитр, Ид-ас-сагир кæнæ Ураза-байрам. Ком фæуадзынц мæйы дæргъы. Динмæ гæсгæ ком хъуамæ дарой æппæт пысылмæттæ дæр. Фæлæ дзы уæгъд цæуынц æнхъæлцау, дзидзидарæг æмæ рынчын сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, уæззау куыст чи кæны, хæсты чи вæййы, уыцы нæлгоймæггæ.

Комуадзæн вæййы араббаг мæйнымадæй шавалы фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бонты. Бæрæгбон пысылмон дины ахсджиагдæртæй иуыл нымад уымæн у, æмæ, уыцы мæй афæдзæй афæдзмæ адæймаджы удыл цы рыг сбады, цы æвзæр æнкъарæнтæ æмæ хъуыдыты азары бахауы, уыдонæй йæхи ссыгъдæг кæны. Комуадзæн дæр Хъуырманы хуызæн у уд сыгъдæггæнæн бæрæгбон.

Ком фæдарынц хурыскастæй хурныгуылдмæ. Изæры ис хæрыны бар, фæсхурныгуылды – нæлгоймагæн йæ бинойнагимæ фембæлыны бар.

Комуадзæны мæйы фыццаг изæр саразынц бæрæгбоны фынг, æрбахонынц хионты, сыхæггы, кæрæдзимæ уазæгуаты фæцæуынц. Пысылмон динмæ гæсгæ, хуыздæр, бæркадджындæр фынг чи сараза, уымæн Хуыцауы раз хатыр цæуынц йæ рæдыдтытæ, уымæн бынат уыдзæн дзæнæты.

Бæрæгбоны изæр, стæй æнæхъен мæйы дæргъы дæр фæламаз кæнынц, фæкувынц, фæкæсынц Хъуыраны. Адæм ацæуынц уæлмæрдтæм, сæ хæстæджыты ингæнтæ бабæрæг кæнынц. Мæгуыртæн, сидзæртæн, баххуыс кæнын кæмæн хъæуы, уыдонæн лæвæрттæ ракæнынц. Пысылмон æгъдаумæ гæсгæ искæмæн баххуыс кæнын, искæмæн лæвар ракæнын удыбæстæ у.

Комуадзæны бæрæгбон хъуамæ бинонтæ сæ хæдзары уой. Диныл чи æууæнды, уыдонмæ гæсгæ мæрдты удтæ уыцы бон æрбацæуынц, сæ хæдзæрттæм, æрбацæуынц сæ бинонты фенынмæ. Æмæ уый тыххæй хъуамæ бинонты сæ хæдзары æрбаййафой.

Комуадзæны хистæр лæгтæ æрзилынц, ног чи амард, уыдоны хæдзæрттыл, бафæдзæхсынц сæ Дунесфæлдисæгыл.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]