Перейти к содержанию

Кокойты Тæтæрхъан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кокойты Тæтæрхъан
Гуырæн ном Кокойты Ясоны фырт Тæтæрхъан
Райгуырды датæ 1908-æм азы 17 мартъийы(1908-03-17)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1980-æм азы 3 апрелы(1980-04-03) (72 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Професситæ композитор, драматург
Сфæлдыстады азтæ 19291980
Инструменттæ фортепиано[d] æмæ скърипкæ[d]
Жанртæ классикон музыкæ[d]
Хорзæхтæ
орден «Кады Нысан» медаль «В ознаменование 100-летия со дня рождения Владимира Ильича Ленина»

Кокойты Ясоны фырт Тæтæрхъан (райгуырдис 1908-æм азы Хуссар Ирыстоны — амардис 1980-æм азы Дзæуджыхъæуы) — ирон композитор, ирон музыкалон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, фольклорист, дирижёр æмæ æхсæнадон архайæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Тæтæрхъан райгуырд Хуссар Ирыстоны Мæсгуытыкомы 1908-æм азы 17 мартъийы. Зæрдæргъæвд лæппу чысылæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ арф айста музыкæ æмæ дзы нал фæхицæн суанг йæ царды бонтæм. Райдиан музыкалон ахуырад райста Тбилисы музыкалон скъолайы скърипкæйы къласы, йæ ахуыргæнæг та уыд Г. Шотниев. 1919-æм азы каст фæци Тбилисы æфсæнвæндагон ахуыргæнæндон, 1924-26-æм азты та ахуыр кодта Тифлисы консерваторийы композицийы хаххыл. Уыд Тбилисы ирон драмон къорды хайадисæг, стæй та йæ къухдариуæггæнæг. Кокойы-фырт ма музыкалон ахуырад райста Мæскуыйы консерваторийы композицийы къласы ахуыр кæнгæйæ. 1934 азæй 1936 азмæ уыд, йæ хъæппæрисæй чи сырæзт, адæмон инструментты уыцы оркестры разамонæг, фæстæдæр та Цхинвалы вокалон-хореографион къорды разамонæг.

Кокойы фырт уый фæстæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ куыста Беслæны маисон комбинаты драмон æмæ кæфтыты къордты аивадон разамонæгæй. Æвзыгъд æмæ курдиатджын музыканты арæхстдзинадыл сæ цæст æрæвæрдтой аивадæн табугæнджытæ. 1938 азæй 1946-æм азы онг куыста Цæгат Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы аивадон къухдариуæггæнæгæй. Æндæр æмæ æндæр азты ма уыд Цæгат Ирыстоны филармонийы аивадон къухдариуæггæнæг, 8 азы та уыд Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисы сæрдар. Йæ намысджын æмæ æвæллайгæ фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы ном, хорзæхджын ма уыд «Кады нысан»-ы орденæй.

Зынгæ композитор æмæ музыкæйы дæсны йæ цардæй ахицæн 1980 азы 3 апрелы[1]

Музыкалон архайд

[ивын | Бындур ивын]

Тæтæрхъан цалдæр хатты уыд фольклорон экспедицийы Ирыстоны æмæ ныффыста адæмон мелодитæ, æмбырд кодта рагон музыкалон уадынгæрзтæ. 1937 азы ирон адæмон инструментты коллекци радта Мæскуыйы Глинкæйы номыл музыкалон культурæйы Паддзахадон музеймæ. Цæгат Ирыстонмæ композиторы æрцыд баст уыд, цæмæй разамынд лæвæрдтаид зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы сырæзтæн. Хъаруджынæй æрæвнæлдта йæ хъуыддагмæ æмæ йын цыбыр æмгъуыдмæ бантыст курдиатджын фæсивæды æрæмбырд кæнын. Коллективимæ куыста куыд хормейстер, хореограф, администратор-разамонæг, композитор, дирижёр æмæ мæйы æмгъуыдмæ, æнæрынцойæ кусгæйæ. Бацæттæ кодта концертон программæ. Уый фæстиуæгæн 1938 азы ансамблы гастрольтæ æнтысгæйæ ацыдысты Налцыччы. Сæ репертуары уыдысты Кокойты Тæтæрхъаны зарджытæ «Партийы гимн», «Плиты Иссæйы зарæг», «Тауче», стæй адæмон зарджытæ æмæ кафты мелодитæ «Æфхæрдты Хæсанæ», «Антъоны зарæг» æмæ æндæртæ. Кокойы фырты хъæппæрис æмæ активон хайадисты тыххæй 1939 азы Ирыстоны равзæрстой музыкæмæ иууыл æвзыгъддæр фæсивæды Мæскуыйы консерваторийы ахуыр кæныны тыххæй. Фæстæдæр уыдон систы зындгонд профессионалон музыканттæ: зарæггæнджытæ æмæ композитортæ.

1943 азы Тæтæрхъан йæ къухмæ райста симфонион оркестр саразыны хæс, фæстæдæр та — филармони æмæ йæ фыццаг аивадон къухдариуæггæнæг уыд йæхæдæг. Уыцы азты композитор ныффыста цалдæр егъау оркестрон уацмысы — Фыццаг симфони, Скърипкæйы концерт, фортепианон фантази «Азау», симфонион сюитæ «Хæлардзинад», симфонион ныв «Изæр колхозы» æмæ уыдон се ппæт дæр систы тынг популярон. Фыццаг «Ирон симфони» Кокойы фырты сфæлдыстады сси иууыл бæрзонддæр. «Азау»-ы фантази фортепианойæн оркестримæ та фыст у ирон чызджы хъысмæтыл, кæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты равдыста хъайтарон сгуыхтдзинад. Йæ фæстаг егъау уацмыстæ сты Дыккаг симфони æмæ оперæ «Нарты Сослан». Уый йæ царды фæстаг бонтæм дæр нæ уагъта йе сфæлдыстадон архайд, баззад дзыллæты хсæн музыкæ парахатгæнæгæй. [2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]