Перейти к содержанию

Козаты Владимир

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Козаты Владимир
Райгуырды датæ 1929
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1989
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Козаты Григолы фырт Владимир (райгуырдиc 1929-æм азы, Хъемултайы — амардис 1989-æм азы) уыдис ирон поэт æмæ нывгæнæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Козаты Владимир райгуырдис Хуссар Ирыстоны Хъемултайы хъæуы. Ахуыр кодта Цхинвалы уырыссаг скъолайы. Æстæм кълас каст куы фæциc, уæд бацыдиc Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон училищемæ æмæ сси рæстæмбис дæсныйады нывгæнæг. Уыдис æхсæнад «Зонынад»-ы уæнг, кастис лекцитæ. Йæ нывтæ йын фенæн уыдис республикон æмæ æппæтцæдисон равдыстты. Фыста æмдзæвгæтæ. Рауагъта дыууæ поэтикон чиныджы — «Фæскъæвда» (Цхинвал, 1974) æмæ «Цъити» (Цхинвал, 1981).

Козаты Владимиры æмдзæвгæ

[ивын | Бындур ивын]
ДОНБЫЛ
Комы хохаг хъал дон уайы,
Уый фæйлаугæ дуртæ найы.
Буц чызг уылæнты сæр хъазы,
Талмау нарæг астæу тасы.
Дардыл ме уæнгтæ фæхастон,
Чызджы рацахсон куыд загътон,
Афтæ дын æваст фæтары,
Дон æй атъыста йæ тары.