Кобайр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Койбары моладзандон

Кобайр (сом. Քոբայր) — астæузаманы сомихаг моладзандон. Æрбынат кодта сахар Туманяны цур Сомихы Лорийы облæсты.

Æвæрдад[ивын | Бындур ивын]

Аргъуан æрбынат кодта Сомихы, сахар Алавердийæ дæс километры дæрддзæгыл хуссары ’рдыгæй, cахар Туманяны цур Лорийы облæсты. Кобайр лæууы Дебеды цæугæдоны комы сæрмæ, базалтон Лорийы хæхты фæхстыл[1]. Уæллаг хайы ’рдыгæй сты бынтон бæгънæг, фæлæ сæ рæбын у бæзджын зайæгхалæй æмбæрзт.

Фæсистори[ивын | Бындур ивын]

Багратионты Георгий III æмæ йæ чызг Тамары хицауиуæджы заманы Гуырдзыстоны, сомихæгты æмæ гуырдзиаг паддзахады бастдзинад ноджы тынгдæр фæфидар ис. Сомихы цæгатаг хай сси Гуырдзиаг паддзахады хай. Хъалон æнæфидгæйæ пайда кодтой мидæггаг хæдуынаффæйæ. Уыцы заманы сбæрзонд сты сомихаг кънйазтæ Захаридты мыггагæй. Уыдон бирæ фæлтæрты дæргъы ахстой иуыл ахсджиаг бынæттæ æмæ уыдысты гуырдзиаг паддзахады иуыл зынгæ æмæ номдзыд архайджыты ’хсæн.

Моладзандоны истори[ивын | Бындур ивын]

Кобайры сис

Моладзандон Кобайры бындур æрæвæрдтой XI-æм æнусы паддзахы устытæ Кюрикянты сомихаг мыггагæй. Сæ къухты йæ дардтой XII-æм æнусы дæргъы, æмæ ма гæнæн ис æмæ XIII-æм райдайæны дæ. Моладзандоны моладзантæ истой активон хайад сомихаг аргъуаны царды. XII-æм æнусы кæрон сомихаг аргъуаны цыдис аргъуаны гæрзты законддзинады тыххæй хъаугъатæ. Хъаугъайы хайад райстой Кобайры моладзантæ дæр. Уый тыххæй ныффыста йæ фыстæгы Киликийы Сомихы къарол Левон II-мæ архиепископ Тарса Нерсес Ламбронаци, кæцы бахъаст кодта Ани, Ахталы æмæ Кобайры моладзантыл сæ критикæйы тыххæй[2].

Чырысти моладзандоны фрескæйыл

Фæндзай æзты æмбисы XIII æнусы Кюрикянты мыггаджы нæлгоймæгты хахх аскъуыдис, фæлæ куыд зыны афтæмæй, уый размæ, Кобайр сси Захаридты хистæр къалиуы мыгаггон моладзандон. 1261-æм азы монголтæ амардтой Захарийы, Шаханшийы хистæр фырты, фæстаг не сфæразта йæ фырты мæлæт æмæ йæхæдæг дæр амард. Шаханшах 1197-æм азы кæй райгуырд, уый куы банымайæм, уæд афтæ уайы æмæ Захаридтæ моладзандон сæхи бакодтой 220-æм æмæ 1261-æм æзты ’хсæн.

1276-æм - 1282-æм азы онг бынæттон моладзан Григоры хъæппæрисмæ гæсгæ моладзандоны самадтой агъуыстытæ, нывондхæссæн та срæсугъд кодтой фрескатæй. 1297-æм азы Захаридты бадзырдмæ гæсгæ самадтой дзæнгæрæгдон, уый фæстæдæр сси сæ мыггагон зæппадз. Цасдæр рæстæджы фæстæ сомихаг халкидонитæ ныууагътой моладзандон, æмæ уый баззад рохуаты. Кобай, нырма цалдæр æзты дæргъы æвдæлон куы уыд, уæд раздæхтис Сомихаг апостолон аргъуанмæ, ногæй бакодта йæ дыууæрттæ XVIIXVIII æнусты.

1971-æм азы советон реставратортæ ногæй рацæразтой моладзандоны фрескæтæ.

Архитектурæ[ивын | Бындур ивын]

Моладзандоны иумæйаг ахизæн

Кобайры моладзандоны комплексы сæйраг агъуыстытæ сты XII—XIV æнусты амад. Уыдонмæ хауынц централон стыр аргъуан, дыууæ аргъуангонды, дзæнгæрагдон-зæппадз, хæрæндон æмæ уæлмæрд. Моладзандоны къултыл ис сомихаг æвзагыл фыстытæ, уыдон уыдысты арæзт аргъуан халкедониан куы сси, уый размæ. Кобайр сомихаг халкедониты куы сси, уый фæстæ фыстытæ арæзтой гуырдзиаг æвзагыл.

Моладзандоны хæлддзæгтæ зындгонд сты сæ уникалон къулы фыстытæй — фрескæтæ, сомихаг, византиаг æмæ гуырдзиаг нывкæнынады традицийы арæзт. Фрескæтæ баззадыты стыр æмæ гыццыл аргъуанты, иумæйаг ахизæнæй баст. Уыдон нывгонд æрцыдысты Шаханшахы æмкъай моладзандон сомихаг халкедонитæм куы радта, уæд. Фæстаг иртасæнтæм гæсгæ гыццыл аргъуаны нывтæ фæзындтысты Шаханшахы мæлæты фæстæ, 1261-æм азмæ ’ввахс.

Галерей[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дрампян И.П // Фрески Кобайра // Советакан грох, 1979 — стр. 6 (27)
  2. История и восхваление венценосцев. Тбилиси. АН ГрузССР. 1954

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]