Перейти к содержанию

Килиманджаро

3°04′00″ ю. ш. 37°21′33″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Килиманджаро
суахили Kilimanjaro
Кæм ис
3°04′00″ ю. ш. 37°21′33″ в. д.HGЯO
Ран Танзани
Характеристикæтæ
Бæрзæнд 5881 м
Килиманджаро (Танзани)
Килиманджаро
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Килиманджа́ро (суахили Kilimanjaro) у стратовулкан Танзанийы цæгат-скæсæны. Йæ бæрзонддæр цъупп у вулкан Кибойы хай Ухуру — 5895 м. Килиманджаройы дыууæ æндæр цъуппытæ сты Мавензи (5149 м.) æмæ Ширæ (3962 м.).

Килиманджаро ссардта æмæ афыста немыцаг пастор Иоханес Ребман 1848-æм азы. 1902-æм азæй 1918-æм азмæ хохы ном уыдис Кайзер Вильгельмы цъупп (нем. Kaiser-Wilhelm-Spitze).

Незаманон знæмтæ хохы цъуппыл цы мит уыдтой, уый хуыдтой æвзист. Фæлæ йæ бабæрæг кæнын нæ уæндыдысты, уымæн æмæ хъуыстой алыхуызон тæссаг таурæгътæ. Иуахæмы бынæттон фæтæг хохмæ арвыста къорд адæймаджы. Йæ цъупмæ схæццæ сты, сгарын байдыдтой, фæлæ «Æрттиваг хохы» мит йеддæмæ цымыдисагæй ницы ссардтой. Дисы æфтыдысты, «æвзист» кæй хуыдтой, уый-иу сæ къухты кæй атади, ууыл.

Æппæты фыццаг ацы хохы кой скодтой нæ эрæйы II æнусы. Фæзынди, Птолемей цы картæ сарæзта, ууыл. Официалон документтæм гæсгæ та хох иртасын райдыдтой 1861 азы. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, Килиманджаро равзæрди цалдæр вулканы срæмыгъдæй иу милуан азы размæ.

Хохæн йæ фæтæн æдæппæт у 64 километры, йæ дæргъ та – 97 километры. Цы чысыл цæугæдæттæ дзы гуыры, уыдон æфсадынц фæзтæ æмæ сæрвæттæ. Тынг алыхуызон сты Килиманджаройы флорæ æмæ фаунæ. Хохы бинаг хайы цæрынц маймулитæ, фыранктæ æмæ æндæр сырдтæ. Зайы дзы къофийы плантацитæ, банантæ æмæ нартхор. Хохы алыварс æхгæд у цъымаратæ, фæзтæ æмæ хъулон-мулон дидинджытæй.

Килиманджаройы бынмæ цæрынц хохаг адæм – чагæ, сæ рагфыдæлтау уыдон дæр кæнынц зæххы куыст.

Килиманджаро нымад у Национ паркыл. 1987 азы хаст æрцыди, ЮНЕСКО цы хæзнатæ хъахъхъæны, уыдоны номхыгъдмæ.